филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:24 воскресенье, 06 октября 2024
05 сентября 2014, 17:18
2016-æм азы уалдзæджы Уæрæсе сæрдариуæг кæндзæн Сауденджызон экономикон æмгуыстады организацийы

Цы фембæлдтытæ дзы арæзт æрцæудзæн, уыдонæй иу уыдзæн Дзæуджыхъæуы.Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, Цæгат Ирыстоны фембæлдзысты фæсарæйнаг хъуыддæгты департаменты разамонджытæ. Куыд хуыздæр саразæн ис уыцы фембæлд, ууыл абон ныхас кодтой Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ æмæ Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Такъоты Сергей.

74111
Цы фембæлдтытæ дзы арæзт æрцæудзæн, уыдонæй иу уыдзæн Дзæуджыхъæуы.
Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, Цæгат Ирыстоны фембæлдзысты фæсарæйнаг хъуыддæгты департаменты разамонджытæ. Куыд хуыздæр саразæн ис уыцы фембæлд, ууыл абон ныхас кодтой Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ æмæ Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Такъоты Сергей. Сауденджызон экономикон æмгуыстады организаци кусы 20 азы бæрц. Йæ уæнгтæ сты 12 паддзахады. Æмгуыстад кæнынц промышленнон, транспортон, бастдзинады, базарадон, зонадон къабæзты æмæ æндæр фарстаты. Сæ фембæлдтыты та фæныхас кæнынц æмæ рахæссынц, экономикон рæзты программæтæ сæххæст кæныны уынаффæтæ. Ацы егъау саммиты Уæрæсе сæрдариуæг кæны 4-æм хатт. 2016-æм азы Мæскуыйæ уæлдай фæсарæйнаг бæстæты минæвæртты суазæг кæндзысты цалдæр горæты. Се хсæн Сочи, Ростов æмæ Дзæуджыхъæу.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania