филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:25 воскресенье, 06 октября 2024
05 сентября 2014, 17:31
Фыццаг дзæнгæрæг абон æзæлыд Рахизфарсы районы скъоладзаутæн

Абон районы ахуыргæнæндæтты арæзт æрцыд кадджын линæйкæтæ. Се ппæты дæр дзы æрымысыдысты 2004-æм азы теракты амæттæгты.

74120
Абон районы ахуыргæнæндæтты арæзт æрцыд кадджын линæйкæтæ. Се ппæты дæр дзы æрымысыдысты 2004-æм азы теракты амæттæгты.
Фыццаг дзæнгæрæг – цымыдисаг æмæ хъæлдзæг скъолайы азтæ райдианы нысан. Кадджын линæйкæ, ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты ныстуантæ. Ацы чысыл лæппутæ æмæ чызджытæн абон райдыдта сæ царды ахсджиаг къæпхæнтæй иу.
Иван Канидийы номыл скъола-интернаты, куыд Рахизфарсы районы ахуыргæнæдæтты се ппæты дæр, ахуыры аз райдыдта 5-æм сентябры. Сæ дыккаг хæдзарыл амæй фæстæмæ цы кълæстæ нымайдзысты, уырдæм сабиты афæндараст кодтой сæ ныййарджытæ.
Туаты Сæрмæт, Иван Канидийы номыл скъола-интернаты 1-æм къласы ахуырдзау: «Æз ардæм æрбацыдтæн футболæй хъазынмæ, стæй 5-æ исынмæ, стæй ма мын ис æртхæрдтæ».
Боциты Чермен, Иван Канидийы номыл скъола-интернаты 1-æм къласы ахуырдзау: «Лæппутимæ базонгæ дæн, æмæ мæ зæрдæмæ фæцыдис, æмæ 5-тæ исдзынæн æмæ ахуыр кæндзынæн дзæбæх».
Скъолайы ахуыр кæны 320 сывæллоны æмæ дзы алы сабийы зæрдæмæ дæр хъæуы фæндаг ссарын, зæгъынц ахуыргæнджытæ. Æрмæст уæд хъæддыхæй зæгъæн ис, зоныныдзинæдтæ исынмæ цæттæ кæй уыдзысты, уый, æмбарын кæнынц ахуыргæнджытæ.
Гуыбиаты Иринæ, Иван Канидийы номыл скъола-интернаты райдайæн къласты ахуыргæнæг: «Зæрдæрухсæй сæмбæлдыстæм нæ ног сывæллæттимæ, дæттæм сын зонындзинæдтæ, æмæ æрмæст зонындзинæдтыл не рлæуы махæн нæ куыст, фæлæ хъомыладон куыстыл дæр архайæм».
Интернат хæссы Беслæны фыццæгæм скъолайы ахуыргæнæг Иван Канидийы ном. Педагогтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сыл уыцы хъуыддаг уæлдай хæс æвæры, уымæн æмæ Иван Каниди йæ царды фылдæр хай балæвар кодта сывæллæттæн æмæ сæ ахуыр кодта хæлардзинадыл.
Æгкацаты Хъазыбег, Иван Канидийы номыл скъола-интернаты директоры хæдивæг: «Иван Константинович мæнæн дæр уыдис мæ ахуыргæнæг. Мæхæдæр дæр æм ахуыр кодтон, футболæй дæр æм хъазыдтæн, æмæ йын йæ уарзондзинад сывæллæдтæм федтон, зыдтон, æмæ махыл дæр уый уæлдай хæстæ æвæры, сывæлæттæм куыд кæсæм дзæбæхæй, нæ зæрдæтæй сæ куыд æмбарæм. Кусæм ныр 5-æм аз. 4 азы бакуыстам. Фыццаг аз нæм уыдис 5-æм къласы ахуырдзаутæ. Ныр бацыдысты 9-æм къласмæ. Ацы аз нæм фыццаг хатт уыдзæн экзамен, æмæ нæ нæхи цæттæ кæнын хъæуыдзæн. Футболæй дæр хъазæм æмæ бирæ бынæттæ бацахстам, Уæрæсейы дæр. Республикæй цалдæр хатт уыдыстæм, 3 къорды нæм ис, æмæ республикæ дæр рамбылдтам».
Скъоладзаутæм æнхъæлмæ кæсы цымыдисаг рæстæг. Канд зонындзинæдтæ нæ исдзысты ам, фæлæ ма алы бон дæр архайдзысты спортæй. Скъолайы стыр æргом здæхт цæуы футболмæ.
Абон Иван Канидийы номыл скъолайы фыццæгæм къласмæ бацыдысты 60 сабийы. 50 сывæллоны та ма бацыдысты цæттæгæнæн къордтæм. Се ппæты дæр сæ фæнды сæ цард спортимæ сбæттын. Ам уый тыххæй арæзт ис æппæт уавæртæ дæр.
 

Гугкаты Иринæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania