05 сентября 2014, 17:44
Дзæуджыхъæуы байгом Айларты Таймуразы юбилейон равдыст
Нывгæнæгыл сæххæст 75 азы. Портреттæ, пейзажтæ, натюрморттæ. Тугъанты Махарбеджы номыл музейы равæрдтой 70 куысты. Автор сæ сфæлдыста 50 азмæ.
Нывгæнæгыл сæххæст 75 азы. Портреттæ, пейзажтæ, натюрморттæ. Тугъанты Махарбеджы номыл музейы равæрдтой 70 куысты. Автор сæ сфæлдыста 50 азмæ. Равдыст байгом кæныны размæ аивадуарзджыты зæрдæтæ барухс кодта нæлгоймæгты хор, Дзанайты Ольгæйы разамындæй. Нывгæнæг йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй ацы равдысты фылдæр æргом аздæхта монографион композицимæ – тематикон нывмæ. Айларты Таймуразæн раарфæ кæнынмæ æрбацыд бирæ адæм: йе мкусджытæ, хæстæджытæ æмæ аивадуарзджытæ.
Езеты Марклен, РЦИ-Аланийы нывгæнджыты Цæдисы уæнг: «Кæрæдзийы рагæй зонæм. Бирæ йын æнтысы. У куыстуарзон, зæрдæхæлар адæймаг, æцæг æмбал куыд вæййы, афтæ».
Айларты Таймураз, РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгæнæг: «Фæнды мæ, цæмæй ирон нывкæнынады æрмæст авангард æмæ абстракционизм ма уа, фæлæ æндæр фæзилæнтæ дæр. Ууыл æз дæр архайдзынæн».
темæмæ гæсгæ