филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:21 воскресенье, 29 сентября 2024
08 сентября 2014, 11:10
«Викалина»-йы базары уыд хъæууон-хæдзарадон армукъа

Сæ продукци йæм сластой республикæйы хæдзарæдтæ.

Уæрæсе бирæ паддзахадты ныхмæ сакцитæ кæй сфидар кодта, уый фæлхасгæнджытыл куыд нæ фæзына, ууыл кусынц регионты . Сæ хсæн Цæгат Ирыстон дæр

74138
Сæ продукци йæм сластой республикæйы хæдзарæдтæ.
Уæрæсе бирæ паддзахадты ныхмæ санкцитæ кæй сфидар кодта, уый фæлхасгæнджытыл куыд нæ фæзына, ууыл кусынц регионты. Сæ хсæн Цæгат Ирыстон дæр. Дзидза, карчы фыд, æхсыры продукттæ, алы хуызты цыхт, дыргътæ æмæ халсартæ, картоф, хуыссæйæ конд хæринæгтæ – армукъайы алцыдæр уыд асламдæр аргъæй балхæнæн.Йæ нысан та уыд адæмы цæгатирыстойнаг хъæууон-хæдзарадон куыстуæтты продукциимæ базонгæ кæнын. Уыимæ цæмæй сæ бон уа базонын фæсарæйнаг хойрæгтæй хуыздæр йеддæмæ æвзæрдæр кæй не сты, уый.
Армукъа арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны хъæууон-хæдзарадон министрады æмæ хæдарцаты Махарбеджы хъæппæрисæй. Фæнд æй кæнынц алы къуыри дæр аразын.
Засеты Роберт, РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министр: «Ацы армукъа, мæнмæ гæсгæ, тынг хорз у уымæн æмæ дзы Ирыстоны хæдзарæдтæ равæрдтой сæ продукци. Сæйрагдæр та уый у æмæ адæмы бон у асламдæрæйц балхнын цы сæ хъæуы, уый. Ахæм армукъатæ та фæнд кæнæм алы къуыри дæр аразын. Куыд нæм кæсы, афтæмæй дзы фылдæр хæдзарæдтæ архайдзысты. Уый та се ппæтæн дæр хорз у».
Цæлкосты Анатолий, гом акционерон æхсæнад «племрепродуктор «Михайловский»-йы хицау: «Хъæууон-хæдзарады чи кусы, уыдонæн дæр ацы армукъатæ хорз сты. Уымæн æмæ фылдæр хатт сæ фæллой кæдæм аласой, кæм æй ауæй кæной, уый нæ вæййы. Ахæм базартæм та сæ бон у ласын хойраг. Уыдонæн дæр пайда у, адæмæн дæр æнцондæр æмæ асламдæр. Куыд мæмæ кæсы арæхдæр куы уой, уæд уый хорз уыдзæн».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania