филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:16 воскресенье, 29 сентября 2024
08 сентября 2014, 11:19
Цæгат Ирыстоны наукон библиотекæйы сбæрæг кодтой Баййаты Гаппойы юбилей

Йæ рæстæджы зындгонд æхсæнадон архайæг, Дзæуджыхъæуы разамонæг, публицист, критикы райгуырдыл сæххæст 145 азы. Библиотекæйы йæ номыл бацæттæ кодтой чингуыты æмæ нывты равдыст.

74141
Йæ рæстæджы зындгонд æхсæнадон архайæг, Дзæуджыхъæуы разамонæг, публицист, критикы райгуырдыл сæххæст 145 азы. Библиотекæйы йæ номыл бацæттæ кодтой чингуыты æмæ нывты равдыст. Адæмæн фенын кодтой, Гаппойы тыххæй фыст кæм ис, уыцы журналтæ æмæ чингуытæ. Сты 100 фылдæр.
Баййаты Гаппо йæхæдæг дæр фыста литературон уацмыстæ. Уыдонимæ та æрбацæуджыты базонгæ кодтой библиотекæйы стæм чингуыты хайады кусджытæ. Се хсæн уыд, æмбал кæмæн нæй, ахæм чиныг «Уæрæсе ивгъуыды æмæ абоны царды». Фыст у Романовты хæдзарвæндагыл 300 азы кæй сæххæст, уый кадæн.
Мадзаты Еленæ, Цæгат Ирыстоны зонадон библиотекæйы кусæг: «Равæрдтам æппæты фыццаг йæ чингуытæ, йæхæдæг кæй ныффыста, уыдон. Фæлæ ма Гаппойы тыххæй бирæ фыстой. Уымæн æмæ уыд стыр лæг. Бирæ цауты архайдта. Куыста Дзæуджыхъæуы райрæзтыл, йæ рæсугъддзинадыл. Мах хайады мидæг æмбырд кæнæм алыхуызон æмбæрд, чингуытæ. Кусæм цæмæй нæм æрбацæуа, уыдонæн уа цымыдис. Цæмæй сæ бон уа чиныг къухтæм райсын. Мах арæх фæкæнæм алыхуызон мадзæлттæ, цæмæй йæ адæм дæр зоной цы чингуытæ нæм ис, уыдоны тыххæй. Стæй сæ цæмæй сæ бон уа райсын дæр».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania