филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:16 воскресенье, 29 сентября 2024
08 сентября 2014, 11:25
Дзæуджыхъæумæ ссыд олимпаг хъæзтыты æвзист призер Ирина Чащина

Спорты галуан «Манеж»-ы æвзонг гимнасткæтимæ скодта иумæйаг тренировкæ. Зындгонд спортсменкæ нæ республикæйы фыццаг хатт нæй. Ацы хатт æй æрбахуыдта Паддзахадон Думæйы депутат Хæдарцаты Махарбег.

74144
Спорты галуан «Манеж»-ы æвзонг гимнасткæтимæ скодта иумæйаг тренировкæ. Зындгонд спортсменкæ нæ республикæйы фыццаг хатт нæй. Ацы хатт æй æрбахуыдта Паддзахадон Думæйы депутат Хæдарцаты Махарбег. Тренировкæйы уыд не сфæлдыстадон къорд дæр.
Обруч æрцахсын, пурти атулын, булаватæ æрзилын. Зындгонд гимнасткæ алыхуызон предметтимæ куыд кусы, уымæ кæсынц сæдæгай сывæллæттæ. Ирина Чащинæйы дæсныйадæвдисæг ахуырадмæ æрбацыдысты æвзонг спортсменкæтæ республикæйы æппæт районтæй.
Хæдарцаты Алинæ: «Æз архайдтон пуртийæ æмæ булавæтæй. Мæнæн тынг фæцыдис мæ зæрдæмæ куыд архайы, уый. Фæлæ тынгдæр мæ зæрдæмæ фæцыд обручæй куыд архайы, уый».
Хъаныхъуаты Фаризæ: «Мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыдис лентæйæ æмæ обручæй куыд куыста, уый. Мах дæр афтæ кодтам йæ фæтæ. Тынг хъæлдзæг уыдыстæм куы йæ федтам, уæд».
Ирина Чащина Дзæуджыхъæуы ис æртыккаг хатт. Йæ хъуыдымæ гæсгæ аивадон гимнастикæйæн Цæгат Ирыстоны стыр фидæн ис, æрмæст æдзухдæр хъæуы уавæртæ хуыздæр кæныныл архайын.
Ирина Чащина, дунейы æмæ Европæйы чемпионкæ аивадон гимнастикæйæ, 2004-æм азы Олимпаг хъæзтыты æвзист призер: «Тынг курдиатджын сывæллæттæ уæм ис, предметимæ хорз кусынц, уæдæ уæ тренертæ дæр дæсны сты. Сывæллæтты худгæ цæсгæмттæ сын куы феныс, уæд дæ фæфæнды уыдонæн ноджы фылдæр раттын».
Иринæ Чащина профессионалон спорт 10 азы размæ кæй ныууагъта, уый зынтæй уырны. Абон дæр йе спортивон цæттæдзинад у иттæг хорз. Тренертæ куыд зæгъынц, афтæмæй олимпаг хъæзтыты æвзист призер сывæллæттæн тренировкæтæ кæй сарæзта, уый фидæны чемпионкæты разæнгард кæндзæн спортæй ноджы зæрдæргъæвддæрæй архайынмæ.
Хъайтмазты Дзерассæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania