филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:21 воскресенье, 29 сентября 2024
08 сентября 2014, 16:57
Республикон клиникон рынчындоны сæйраг дохтыр Легкойты Владимир ист æрцыд йæ бынатæй

Уый тыххæй бардзырд бафыста РЦИ-Аланийы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Владимир Селиванов.

Министрады куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй ахæм уынаффæ рахастой бæлвырд ахоссæгтæм гæсгæ. Фыццаджыдæр та уымæн æмæ республикæйы сæйраг рынчындоны дзæбæхгæнæн процесс æмбæлгæ хуызы арæзт кæй нæ уыд.

74150
Республикон клиникон рынчындоны сæйраг дохтыр Легкойты Владимир ист æрцыд йæ бынатæй. Уый тыххæй бардзырд бафыста РЦИ-Аланийы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Владимир Селиванов.

Министрады куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй ахæм уынаффæ рахастой бæлвырд ахоссæгтæм гæсгæ. Фыццаджыдæр та уымæн æмæ республикæйы сæйраг рынчындоны дзæбæхгæнæн процесс æмбæлгæ хуызы арæзт кæй нæ уыд. Реанимацион æмæ арæндоны хайæдты та чи амард, уыдоны нымæц тынг бирæ уыд.

Бæлвырд уынаффæмæ гæсгæ Республикон клиникон рынчындоны сæйраг дохтыры хæстæ æххæстгæнæгæй нысангонд æрцыд медицинон наукæты доктор Моргуаты Аслæнбег.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania