филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:15 воскресенье, 29 сентября 2024
09 сентября 2014, 11:15
Цыколайы уыд Таматы бинонты номыл арæзт турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй

Уыцы фыдохы бонты Беслæны теракты фæмард сты фыццагкъаласон Таматы Тотрадз, йæ фыд æмæ йæ мад. Сидзæртæй баззадысты дыууæ лæппуйы Хетæг æмæ Тимур.

74169
Беслæны амæттæгты номыл…
Уыцы фыдохы бонты Беслæны теракты фæмард сты фыццагкъаласон Таматы Тотрадз, йæ фыд æмæ йæ мад. Сидзæртæй баззадысты дыууæ лæппуйы Хетæг æмæ Тимур.
Сæ номыл ныр 4-æм аз Цыколайы спортивон скъолайы арæзт æрцæуы турнир æвзонг спортсменты хсæн. Ацы хатт дзы архайдтой, 5 азæй 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм 150 лæппуйы Æрæфы, Дыгуры æмæ Алагиры районтæй, стæй Таматы Хетæг æмæ Тимур. Æвзонг спортсментæ ссыдысты Кæсæг-Балхъарæй дæр.
Миндзайты Руслан, Цыколайы спортивон скъолайы хицауы хæдивæг: «Иннæ азты раздæр ацы турнир кодтам æрмæстдæр нæхи районы. Фæлæ куыд фæстæдæр,а фтæ йæм цæуын райдыдтой иннæ районты минæвæрттæ дæр. Уымæй уæлдай ма ацы бинонты номыл саразæм шашкæтæй турнир. Æрæджы уыд футболон турнир дæр. Мах алцыдæр аразæм, цæмæй сæ ном рох ма уа».
Таматы Тазрет, Æрæфы районы администрацийы культурæйы хайады методист, мыггаджы минæвар: «10 азы рацыд уыцы фыдбæллæхыл. Фæлæ абон дæр рох нæу. Рох не сты чи дзы фамард, уыдон дæр. Æмæ сæ номыл арæзт æрцыдысты ацы ерыстæ дæр. Чи йæ æрхъуыды кодта, уыдонæн та мыггаджы номæй арфæ кæнын».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania