филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:30 воскресенье, 29 сентября 2024
09 сентября 2014, 16:49
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз хорзæхгонд æрцыд «Тæрхондоны пъырыстыфты Фæдералон службæйы кадджын кусæджы» риуылдаргæ нысанæй

Хæрзиуæг ын абон кадджын уавæры радтой пъырыстыфты 5-æм æппæтдунеон наукон-практикон конференцийы. Æмбырды ма хæрзиуджытæ радтой РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар Такъоты Сергейæн æмæ республикæйы сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы разамонæг Таболты Сергейæн.

74172
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз хорзæхгонд æрцыд «Тæрхондоны пъырыстыфты Фæдералон службæйы кадджын кусæджы» риуылдаргæ нысанæй.

Хæрзиуæг ын абон кадджын уавæры радтой пъырыстыфты 5-æм æппæтдунеон наукон-практикон конференцийы. Æмбырды ма хæрзиуджытæ радтой РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар Такъоты Сергейæн æмæ республикæйы сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы разамонæг Таболты Сергейæн.

Саккаг сын кодтой «Тæрхондоны пъырыстыфты Фæдералон службæйы сгуыхтдзинæдты тыххæй» майдантæ.

Конференцийы райдиан Мамсыраты Таймураз пъырыстыфтæн загъта бузныджы ныхæстæ сæ хорз куысты тыххæй æмæ сын йæ зæрдæ загъта, цæмæй конференцийы куыст уа ахадгæ æмæ æнтыстджын.

Мамсыраты Таймураз, РЦИ-Аланийы сæргълæууæг: «Ацы конференци Дзæуджыхъæуы арæзт кæй æрцыд, уый тыххæй мæ мадзал саразджытæн фæнды бузныг зæгъын, уæлдайдæр та Артур Парфенчиковæн. Мах бацархайдзыстæм æмæ сараздзыстæм æппæт фадæттæ цæмæй конференцийы архайджыты куыст уа ахадгæ. Цæмæй конференцийы фææткмæ гæсгæ цы нысангонд æрцыд, уыдон æххæстгонд æрцæуой».

Конференцимæ ссыдысты 17 паддзахадæй 140 минæварæй фылдæр, тæрхондоны уынаффæтæ æххæстгæнæг оргæнты кусджытæ, политикон æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, банчы кусджытæ, стæй бæрнон кусджытæ. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй алы бæстæты пъырыстфтæ се ппæты базонгæ кæндзысты сæ фæлтæрддзинадимæ. Конференцийы рæстæг уыдзысты дискусситæ, æвдыст цæудзысты алыхуызон проекттæ. Бæстон ныхас дзы цæудзæн хæсджынты агурыны æмæ сын сæ хæстæ фыдын кæныны мадзæлттыл.

Официалон мадзæлтты фæстæ та уазджытæн скæндзысты экскурситæ. Базонгæ сæ кæндзысты Дзæуджыхъæуы историимæ æмæ архитектурæимæ, бабæрæг кæндзысты ЦИПУ-йы рагон Алайнаг цыртдзæвæнты музей.

5-æм æппæтдунеон наукон-практикон конференци Цæгат Ирыстоны хицауады, ЦИПУ-йы æмæ Уæрæсейаг барадон академийы æххуысæй сарæзта Пъырыстыфты службæ.

Артур Парфенчиков, УФ-йы тæрхондоны уынаффæтæ æххæстгæнæн сæйраг пъырыстыф: «Ахæм конференцитæ арæзт æрцæуынц алы аз дæр. Вæййынц Уæрæсейы алы регионты. Темæтæ дæр ахæмтæ равзарæм æмæ фылдæр куыст кæм цæуы, уæлдай цæстдард дарын кæмæ хъæуы, уыцы фарстатæ. Ныхас фæкæнæм цы æмæ куыд хуыздæр бакусæм, ууыл. Рагагъоммæ æрныхас кæнæм фæсарæйнаг минæвæрттимæ дæр. Хорз та уымæй сты ацы конференцитæ æмæ сæ хатдзæгтæм гæсгæ закъонадон оргæнты æмæ бæрнон кусджытæ, юристтæ, ахуыргæндтæ, рахæссынц уынаффæ æмæ сæ фæхæццæ кæнынц УФ-йы разамындмæ. Арæх уазджытæ нæм сты Паддзахалон Думæйы депутаттæ дæр æмæ нын стыр æххуыс сты нæ куысты».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania