филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:20 воскресенье, 29 сентября 2024
09 сентября 2014, 17:13
Республикæйы быдырты цæуынц тыллæг æфснайæн куыстытæ

Иудадзыг сæм йæ хъус дары хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министрад. Йæ разамонæг Засеты Роберт цы æмбырд сарæзта, уым бæстонæй каст цыд куыстытæ афоныл фæуыны фарстатæм æмæ фидæн азы нысантæм.

74178

Республикæйы быдырты цæуынц тыллæг æфснайæн куыстытæ. Иудадзыг сæм йæ хъус дары хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министрад. Йæ разамонæг Засеты Роберт цы æмбырд сарæзта, уым бæстонæй каст цыд куыстытæ афоныл фæуыны фарстатæм æмæ фидæн азы нысантæм. Иуæй-иу хæдзарæдты быдыртæй исын райдыдтой нартхор. Хъуамæ æдæппæтæй бафснайой 100 мин гектары бæрц. Уымæй уæлдай ма æмбырд кæнынц картоф дæр. Йæ иумæйаг фæзуат у 3 мин гектарæй фылдæр. Ныртæккæ уал иу гектарæй рæстæмбис нымадæй исынц 192 центнеры. Уый ныфс дæтты, фаронæй фылдæр тыллæг кæй райсдзысты. Хор тауæн кампанийыл дзургæйæ, бафиппайдтой зæхкусджыты кæй ис хæс – фæззыгæнды хуымтæ фæфылдæр кæнын 46,5 мин гектары онг. Ныртæккæ хи продукцийы куыстад бæрзонддæр кæныны фарста ахсджиаг у æппæт паддзахады, æмæ алы къабазы дæр хъæуы ууыл архайын. Уыимæ хъус дарын хъæуы æргътæм дæр.

Засеты Роберт, РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министр: «Фос дарыны къабазыл куы дзурæм, уæд фæстаг рæстæг æргътæ уæлдæр кæнынц, æмæ уымæн ницы æфсон и. Холлæгтæ зынаргъдæр нæ фесты. Бирæтæ ныртæккæйы уавæрæй пайда кæнынц, æмæ уый раст нæу. Мæгуыр адæмыл хъуыды кæнын хъæуы. Базартæм сæ фылдæр мæгуыртæ цæуынц, æмæ сæ бон балхæнын куы нæ уа, уæд уый раст нæу».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania