филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:42 воскресенье, 29 сентября 2024
10 сентября 2014, 11:26
Фæсивæдон форум Машукæй Цæгат Ирыстонмæ ацы аз уæлахизимæ ссыд 48 адæймаджы

Алчидæр дзы йæ проект царды рауадзынæн рамбылдта сæдæ мин сомæй – фондз сæдæ мины онг. Форумы сæ курдиат раргом кодтой куыд фæлтæрдджын фæсивæд, афтæ дзы фыццаг хатт чи архайдта, уыдон дæр.

73736
Алчидæр дзы йæ проект царды рауадзынæн рамбылдта сæдæ мин сомæй – фондз сæдæ мины онг. Форумы сæ курдиат раргом кодтой куыд фæлтæрдджын фæсивæд, афтæ дзы фыццаг хатт чи архайдта, уыдон дæр.
Згъæрæхца баппар æхцаæмбырдгæнæнмæ – æмæ райс фыссæнгарз. Бæгъиаты Георгий йæхæдæг æрхъуыды кодта ацы аппарат æмæ йæ сæмбырд кодта йе мбæлттимæ. Аппарат схуыдтой «Пэн бокс». Равдыстой йæ Машукы. Æрыгон лæппу форумы архайдта фыццаг хатт. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йе рхъуыдыгонд аппарат саразынæн хъуыди 500 мин сомы, фæлæ йын радтой æрмæст 100 мины. Уый фаг нæу, – зæгъы Георгий.
Кудзойты Юрий та форумы архайдта цыппæрæм хатт. Алы аз дæр бацæттæ кæны ног проекттæ. Ацы хатт та бавдыста проект «Мæ бæстæ мæхæдæг равзæрстон». У интернет-сайты хуызы. Æмæ дзы алкæйы бон дæр у нæ республикæйы тыххæй хъæугæ информаци райсын.
Ацы проект та ныридæгæн царды рацыд. Йæ автор Тауытты Виктория фарон райста грант. Кæны адджын гуылтæ, æмæ та ногæй бафæлвæрдта йæ тыхтæ ацы азы форумы.
Ныртæккæ Виктория нысан кæны фылдæр цехтæ саразын, адджын гуылтæ чи кæндзæн, ахæмтæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йын Машук тынг баххуыс кодта. Кæд ын фадат фæуа, уæд дзы архайдзæн æртыккаг хатт дæр. Цæгат Ирыстонмæ Машукæй уæлахизимæ ссыд 48 адæймаджы. Алчидæр дзы йæ проект царды рауадзынæн райста сæдæ мин сомæй – фондз сæдæ мины онг. Форумы сæ курдиат раргом кодтой куыд фæлтæрдджын фæсивæд, афтæ дзы фыццаг хатт чи архайдта, уыдон дæр.
Æлбегаты Генриеттæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania