10 сентября 2014, 17:39
УФ-йы президенты æхсæнадон исæнуаты цæрджытимæ фембæлд Социалон Фæдзæхстады Фонды разамонæг
Льготæтæм гæсгæ путевкæтæ дæттын, реабилитацийæн сæрмагонд техникон фæрæзтæ исын æмæ пособитæ фидын. Ацы ахсджиаг фарстатæ тыхсын кодтой, абон нæ бæстæйы президенты æхсæнадон исæнуатмæ чи рбацыд, уыдон.
Льготæтæм гæсгæ путевкæтæ дæттын, реабилитацийæн сæрмагонд техникон фæрæзтæ исын æмæ пособитæ фидын. Ацы ахсджиаг фарстатæ тыхсын кодтой, абон нæ бæстæйы президенты æхсæнадон исæнуатмæ чи рбацыд, уыдон. Социалон Фæдзæхстады Фонды регионалон хайады разамонæг Айларты Зæлинæ се ппæт æрбацæуджытæн дæр радта бæлвырд дзуæппытæ. Бирæтæ æрбацыдысты бузныг зæгъынмæ, уыйразмæ сын æмбæлгæ æххуыс кæй бакодтой, уый тыххæй. Ахæм фембæлдтытæ Социалон фæдзæхстады фонд арæх фæкæны. Фæстаг хатт цæрджытимæ фембæлд уыд дыууæ мæйы размæ.
Айларты Зæлинæ, Социалон Фæдзæхстады Фонды регионалон хайады разамонæг: «Куы йæ базыдтам исæн уаты нын адæмимæ фембæлд уыдзæн, уæд рагагъоммæ æппæт газетты дæр радтам хъусынгæнинаг. Æмæ нæм æрбацыд бирæ адæм. Цы фарстатимæ цыдысты, уыдон нын æнæзонгæ не сты: кæй путевкæ хъæуы йæхи сдзæбæх кæнынæн, кæй хъусæн аппарат, кæй лæдзæг, кæнæ æндæр исты техникон фæрæз… Чи нæм æрбацыд уыдоны гæххæттытæ райстам. Хæстæгдæр рæстæг бакусдзыстæм сæ фарстатыл æмæ сын баххуыс кæндзыстæм. Алцыдæр араздзыстæм, цæмæй хъуыддаг цæуа куыд æмбæлы, афтæ».
темæмæ гæсгæ