филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:32 воскресенье, 29 сентября 2024
12 сентября 2014, 11:08
Нуазыны дон сæм кæй нæ фаг кæны, уымæй Сунжæйæгтæ тыхсынц 20 азы бæрц

Фæлæ ацы аз сæ уавæр ноджы фæфыддæр. Æртæ мæйы сæм дон æппындæр нæ цæуы. Хъæуы администрацийы ацы фарстайыл рагæй кусынц, фæлæ сæ зындзинæдты аххосджын сæхæдæг кæй сты, уый дæр æмбарынц. Бирæтæ донæй, куыд æмбæлы, афтæ нæ пайда кæнынц. Уыимæ йын фидгæ дæр нæ кæнынц.

74236
Фæлæ ацы аз сæ уавæр ноджы фæфыддæр. Æртæ мæйы сæм дон æппындæр нæ цæуы. Хъæуы администрацийы ацы фарстайыл рагæй кусынц, фæлæ сæ зындзинæдты аххосджын сæхæдæг кæй сты, уый дæр æмбарынц. Бирæтæ донæй, куыд æмбæлы, афтæ нæ пайда кæнынц. Уыимæ йын фидгæ дæр нæ кæнынц. Ныртæккæ коммуналон службæты раз сæ хæс у 10 милуан сомы. Фæлæ цæрджытæ уыимæ разы не сты. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй донæн фидынц, квитанцитæ дæр сæм ис. Ацы уавæры аххосаг та у – доны системæ раст арæзт кæй нæу, уый.
Æртæ мæйы дæргъы Сунжæйы цæрджытæ сты æнæ дон. Адæм хъаст кæнынц: сæ бон сæхи цынайын дæр нæу, æмæ хæдзары куыстытæ бакæнын дæ. Нуазыны дон ласынц сыхаг хъæутæй.
Багаты Жаннæ, Сунжæйы цæрæг: «Бафæлладыстæм дон ласынæй. Уал азы тыхсæм, æмæ нын æххуысгæнæг нæй».
Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ доны фарста тыхсын кæны 20 азы бæрцы. Фæлæ ацы аз уавæр ноджы фæфыддæр. Сæ хъаст бæрнон кусджытæм бахастой, фæлæ хъуыддаг хуыздæрырдæм нæ ивы.
Тедеты Иринæ, Сунжæйы цæрæг: «Бацыдыстæм бæрнон кусджытæм, нæ хъаст бахастам. Зæрдæтæ нын æвæрынц, фæлæ та хъуыддаг нæ ивы».
Дон сæм нæ уадзынц, афтæмæй сын æхца фидын кæнынц. Рæстæгæй-рæстæгмæ ма сæм коммуналон службæйы кусджытæ æмæ тæрхондоны пъырыстыфтæ иумæйаг рейдтæ дæр саразынц. Адæм цы дон нæ исынц, уымæн æхца фидынц, квитанцитæ дæр сæм ис, фæлæ сæ фиддонтæ кæдæм цæуынц, уый нæ зонынц.
Сунжæйы бынæттон администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй ацы фарста æцæгæйдæр зын у. Фæлæ дзы цæрджытæн сæхи дæр аххосджын кæнынц. Сæрды, дам, донæй, куыд æмбæлы, афтæ нæ пайда кæнынц. Æнæвгъауæй йæ ауадзынц сæ цæхæрадæттæм. Фидгæ та се ппæт нæ бакæнынц. Ныртæккæ коммуналон службæтæй дарынц 10 милуан сомы. Уымæ гæсгæ фарста тагъд алыг кæнын нæ рауайдзæн.
Хъæцмæзты Альберт, Сунжæйы бынæттон администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг: «Администрацийæн йæ бон цы у, уый кæны. Баивтам хæтæлты иу хай, фæлæ ма куыстытæ бирæ. Иннæ фарста та у, адæм сæрдыгон дон сæ цæхæрадæттæм кæ йауадзынц, уый. Иннæтыл нæ хъуыды кæнынц».
 
Бынæттон администрацийы кусджытæ сидынц хъæуы цæрджытæм, цæмæй ма бабыхсой. Ацы хъуыддагыл хъæуы бæстон бакусын. Баивын дондзæуæн системæ. Фæлæ цæрджытæ тыхсынц, сæрд фæци, зымæджы уазæлттимæ та доны хатæлтæ ногæй ныссæлдзысты. Æмæ та бынтон æнæ донæй баззайдзысты.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania