филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:39 воскресенье, 29 сентября 2024
12 сентября 2014, 16:54
Рухстауджытæ Гуытъиаты Гахайы æмæ Фриаты Барисы нæмттæ цæрдзысты æнустæм. Абон сын Беслæны, Коминтерны уынджы скъолайы кæрты байгом кодтой бюсттæ

Кадджын мадзалы архайдта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Гуытъиаты Гаха æмæ Алыксандр, стæй Фриаты Барис сæхи æхцайæ 19-æм æнусы кæрон æмæ 20-æм æнусы райдиан байгом кодтой скъола.

74245
Рухстауджытæ Гуытъиаты Гахайы æмæ Фриаты Барисы нæмттæ цæрдзысты æнустæм. Абон сын Беслæны, Коминтерны уынджы скъолайы кæрты байгом кодтой бюсттæ. Кадджын мадзалы архайдта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Гуытъиаты Гаха æмæ Алыксандр, стæй Фриаты Барис сæхи æхцайæ 19-æм æнусы кæрон æмæ 20-æм æнусы райдиан байгом кодтой скъола. Раздæр дзы ахуыр кодтой æрмæст лæппутæ, фæлæ фæстæдæр уыцы бар лæвæрд æрцыд чызджытæн дæр. Гуытъиаты Гаха æмæ Фриаты Барисæн, сæ рухстауæн куысты тыххæй саккаг кодтой Дзæуджыхъæуы Епархийы сызгъæрин майдантæ. Уыцы рæстæг Цæгат Кавказы уыд иунæг ахуыргæнæн скъола. Уæд райдыдта Беслæны зындгонд фыццæгæм скъолайы истори. Рухстауджытæн цыртдзæвæнтæ сæвæрыны хъæппæрис разынд Беслæны цæрæг Кцойты Гермæнмæ. Æхца сын æрæмбырд кодтой Гуытъиаты æмæ Фриаты мыггæгтæ, баххуыс сын кодта Рахизфарсы районы сæргълæууæг Дауыраты Руслан, Беслæны мэр Хуыбаты Мæирбег, амалхъом адæм Мырыкаты Хъазыбег, Уртаты Хъазыбег æмæ Хъуыссæты Тамерлан. Скульптурæты автор у Черчесты Тамерлан.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania