филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:23 воскресенье, 29 сентября 2024
12 сентября 2014, 17:30
19-æм æмæ 20-æм сентябры Дзæуджыхъæуы уыдзæн Уæрæсейы чемпионат рæттыл хъæбысхæстæй

Ссæудзысты йæм Мæскуыйы æмæ Мæскуыйы облæсты тыхджындæр спортсментæ. Сæ тыхтæ дзы бафæлвардзысты Башкирийы, Татарстаны, Пермы крайы æмæ æндæр регионты богæлттæ дæр. Спорты ацы хуызы ахæм егъау ерыстæ Цæгат Ирыстойны фыццаг хатт арæзт æрцыдысты.

74254

Фарон нæ республикæйы уыдис дунеон ерыстæм æвзарæн къæпхæн. Уæд ерысты архайдтой 200 спортсменæй фылдæр 20 регионæй. Ерысаразджытæ, рæттыл хъæбысхæсты Æппæтуæрæсеон федерацийы уæнгтæ разыйæ баззадысты, турнир куыд арæзт æрцыд, уымæй. Æмæ рахастой уынаффæ – радон ерыстæ Дзæуджыхъæуы саразын.

Цæгатирыстойнаг богæлттæ спорты ацы хуызæй алыхуызон ерысты сæхи хорз кæй равдыстой, уый дæр стыр æнтыстдзинадыл нымад æрцыд.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania