Ахуыртæ сарæзтой Сырх Дзуары республикон хайады кусджытæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ фыдбылызты рæстæг фыццаг медицинон æххуыс бакæнынæй уыцы организаци дунейы нымад у хуыздæртæй иуыл. Адæймагадæн афойнадыл фыццаг æххуыс кæй нæ бакæнынц, уый аххосæй алы 5 секунды дæр дунейы амæлы иу адæймаг
Хъыгдардбаййафæгæн куыд растдæр баххуыс кæнæн ис. Ацы æмæ æндæр хъуыддæгтæ бацамоныны тыххæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты арæзт æрцыдысты тренингтæ, дохтырты æрбацæуыны размæ, фыццаг æххуыс куыд кæнын хъæуы, уый тыххæй. Студенттæн амонынц, æнæнхъæлæджы уавæрты хи куыд дарын хъæуы, уый. Цæмæй йæ æмбарой, алы минут дæр тынг ахсджиаг кæй у. Плиты Артур ныр дыууæ азы ис ирвæзынгæнджыты студентон корпусы. Ацы зонындзинæдтæ йын пайда сты, базыдта бирæ ног хабæрттæ.
Плиты Артур, Цæгат Ирыстоны Паддзахадон педагогон институты студент: «Я узнал новое о том, что нужно делать, например, не 10 нажатий на грудную клетку, а 30. Так как по новым нормам красного креста нужно делать 30 нажатий. И вот то, что ребенку нужно делать не основанием ладони нажатия, а двумя пальцами и чтобы они были перпендикулярно к телу».
Цæмæй зæрдæйы æмæ рæуджыты реанимаци скæнай, уый тыххæй хъæуы хуымæтæг, фæлæ ахсджиаг хабæрттæ зонын. Хъыгдардбаййæфæгæн хъæуы йæ сæр фæстæмæ акъул кæнын, йæ фындзыл бахæцын, уæлдæф бауадзын. Уыцы-иу рæстæг йæ риуыгуыдырмæ цæст дарын. Педагогон институты физкультурæ æмæ спорты кафедрæйы доцент Юрий Саханский цалдæр азы æмгуыстад кæны Сырх дзуары минæвæрттимæ. Æрбахоны лекторты, цæмæй студенттæн хъæугæ зонындзинæдтæ радтой. Æмæ кæд раздæр æрмæстдæр лекцитæ уыдысты, уæд ныр та систы егъау дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Ацы программæимæ Сырх дзуары кусджытæ уæлдæр æмæ астæуккаг скъолатæ, стæй æндæр организацитæ арæх бабæрæг кæнынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй фыццаг æххуыс бакæныны тренингтæ алкæйы дæр хъæуынц. Ацы аз ма ахæм ахуыртæ уыдысты социалон кусджытæн.
Сырх дзуары кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æнæнхъæлæджы уавæры фæстæ æмбæлгæ фыццаг æххуыс куы бакæнай, уæд уый арæх аирвæзын кæны адæймаджы. Æмæ цас фылдæр адæм базоной фыццаг æххуыс бакæнын, уыйас æдасдæр уыдзæн нæ цард.