филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:22 воскресенье, 29 сентября 2024
15 сентября 2014, 11:19
Беслæны хъæугæрон цы адæм цæрынц, уыдоны æртæ азы тыхсын кæны æвзæр тæф

Цæуы бырондоны полигоны рдыгæй. Ацы хъуыддаджы сын баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдтой, фæлæ æрмæст Рахизфарсы районæн уый йæ бон нæу. Бырæтты обæуттæ сæмбырд сты цæрæн хæдзæрттæй 500 метрмæ ввахс. Арæх сæ ссудзынц, æмæ дзы сулæфæн нал вæййы.

74269
Беслæны хъæугæрон цы адæм цæрынц, уыдоны æртæ азы тыхсын кæны æвзæр тæф. Цæуы бырондоны полигоны рдыгæй. Ацы хъуыддаджы сын баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдтой, фæлæ æрмæст Рахизфарсы районæн уый йæ бон нæу. Бырæтты обæуттæ сæмбырд сты цæрæн хæдзæрттæй 500 метрмæ ввахс. Арæх сæ ссудзынц, æмæ дзы сулæфæн нал вæййы. Бахъæуы сывæллæтты аласын. Бынæттон цæрджытæ бæрнон кусджытæй курынц, цæмæй бырондон уырдыгæй айсой. Ацы бонты та йæ ногæй бандзæрстой. Цалдæр боны йæ ахуыссын кæнын нæ фæрæзтой. Бынатмæ æрбатардтой 20 техникон иуæджы. Фæлæ та уыдон дæр рауадысты рæстæгмæйы мадзæлттæ. Хъуыддагыл хъæуы бындуронæй бакусын. Ацы бырондоны полигон ам фæзынд 15 азы размæ. Уæд уыди закъонмæ гæсгæ арæзт æмæ горæтæй цалдæр километры фалдæр. Рæстæг куыд цыд, афтæ Беслæн рæзыд, фæзынди дзы фылдæр арæзтæдтæ, афтæмæй полигон æрбахæстæг хæдзæрттæм. Рахизфарсы районы загътой, бырондон аэропорты рдæм айсынмæ кæй хъавыдысты, уый, фæлæ цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ хъуыддаг нæ фæрæстмæ. Фарста алыг кæныныл кусынц ныр цалдæр азы, ныртæккæ сын баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдта республикæйы хицауад. Цæрджытимæ фембæлынмæ æрбацыд хицауады сæрдары хæдивæг Базраты Валентин. Куыд загъта, афтæмæй ацы къуырийы райдиан бынатмæ æрбацæудзæн специалисттимæ, цæмæй æркæсой, бырондон æндæр ранмæ айсæн ис, æви нæ, уымæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania