филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:25 суббота, 21 сентября 2024
18 сентября 2014, 11:11
Украинæйæ ралидзæг адæмы Алагиры районы бабæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ

Федтой сын сæ уавæртæ æмæ сын байхъуыстой сæ курдиæттæм. Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ, Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ рахастой уынаффæ, лыгъд адæмæн ногæй гуманитарон æххуыс æрæмбырд кæныны тыххæй. Фæстæдæр сæ риссагдæр фарстатыл æрныхас кæндзысты федералон æмвæзадыл. Уæрæсейы Æхсæнадон палатæйы уæрæхгонд æмбырды.

73304
Украинæйæ ралидзæг адæмы Алагиры районы бабæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ. Федтой сын сæ уавæртæ æмæ сын байхъуыстой сæ курдиæттæм. Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ, Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ рахастой уынаффæ, лыгъд адæмæн ногæй гуманитарон æххуыс æрæмбырд кæныны тыххæй. Фæстæдæр сæ риссагдæр фарстатыл æрныхас кæндзысты федералон æмвæзадыл. Уæрæсейы Æхсæнадон палатæйы уæрæхгонд æмбырды.

Æртыккæгæмкъласонтæ София Радченко æмæ Мария Лялюева ног скъолайы ахуыр кæнынц иу мæйæ къаддæр. Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты Украинæйæ. Сты лыгъд адæмыл нымад. Уымæ гæсгæ сæм нæ æхца уыди, нæ уæлæдарæс. Семæ арбаластой æрмæстдæр сæ документтæ. Алагиры фæндзæм скъолайыл ацы цыбыр рæстæгмæ чызджытæ ацахуыр сты. Украинæйæ ралидзæг фондз сывæллоны алы бон Тæмискъæй ласы автобус Алагиры фæндзæм скъоламæ. Авд скъоладзауы та ахуыр кæнынц æвдæм скъола-интернаты. Æппæт фадæттæ дæр сын ис. Уый нæ бæстæйы Президенты æмæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ сбæлвырд кодтой Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ. Аныхас кодтой сабитимæ, сæ ныййарджытимæ æмæ скъолайы директоримæ. Лыгъд адæмæн фыццаджыдæр Алагиры районы рынчындоны скодтой медицинон æркаст. Фæлæ ууыл сæ куыст нæ фæци. Педиатртæ æмæ терапевттæ къуыри дыууæ хатты æрбацæуынц санаторимæ, æмæ æркæсынц лыгъд адæммæ. Зæгъæм, чысыл Кирæйы хъæуы бæлвырд специалистты æххуыс. Рынчын у дакриоциститæй. Йæ мад курдиат фехъусын кодта Æхсæнадон палатæйы уæнгтæн. Æмæ йын баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдтой. Уæвгæ лыгъд адæмы бирæ æндæр фарстатæ дæр тыхсын кæнынц. Дыккаг фæлтæрæй чи рбацыд, уыцы æртын æртæ адæймаджы хъæуы статус райсын, цæмæй сæ бон куысты ныллæууын бауа, уый тыххæй. Æнхъæлмæ кæсынц гуманитарон æххуысмæ дæр. Сывæллæттæм уæлæдарæс, æхсæнгæрзтæ æмæ æндæр хъæугæ дзаумæттæ. Ацы фарстатæй тыхсынц Ивановты æмæ Карпенкоты бинонтæ дæр. Суазæг сæ кодтой сæ дард хæстæджытæ Гаситæ Црауæй. Сæхæдæг ныртæккæ Мæскуыйы цæрынц. Краматорскæй ралидзæг бинонтæн æххуыс кæнынц бынæттон цæрджытæ дæр. Фæлæ сæхи фæнды куыст ссарын.

Æрбалидзæг бинонты фидын хъæуы газæн, рухсæн æмæ донæн. Фæлæ сæм хатгай дзулæн дæр нæ вæййы æхца. Сæ интернет дæр сын алыг кодтой. Афтæмæй та сын уый уыд сæ хæстæджитмæ бастдзинад мæ фесафыны фадат. Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ ацы фарста райстой сæхимæ. Фæлæ уæддæр бакусинаг хъуыддæгтæ бирæ, зæгъы нæ республикæйы Æхсæнадон палатæйы секретарь Бокоты Эльбрус.

Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ бацархайдзысты, лыгъд адæмæн ногæй гуманитарон æххуыс æрæмбырд кæныныл. Ацы æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ та арæзт æрцæудзæн тымбыл стъол. Фæстæдæр лыгъд адæмы фарстатыл æрныхас кæндзысты федералон æмвæзадыл. Уæрæсейы Æхсæнадон палатæйы уæрæхгонд æмбырды.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania