филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:32 понедельник, 11 ноября 2024
19 сентября 2014, 10:48
Абон Сочийы экономикон форумы Цæгат Ирыстон æрбацæуджыты базонгæ кæндзæн регионы ног инвестицион политикæимæ

Хицæн уымæй кæны, æмæ проекттæ се ппæт дæр ис сæххæст кæнæн. Фенæн дзы уыдзæн, цъитийы дæттæ нуазынæн кæм кæндзысты, ахæм заводы проект. Уæрæсейы йын æмбал нæ уыдзæн. Равдисдзысты социалон цæрæнуæттæ аразыны ног технологитæ.

74324
Абон Сочийы экономикон форумы Цæгат Ирыстон æрбацæуджыты базонгæ кæндзæн регионы ног инвестицион политикæимæ. Хицæн уымæй кæны, æмæ проекттæ се ппæт дæр ис сæххæст кæнæн. Фенæн дзы уыдзæн, цъитийы дæттæ нуазынæн кæм кæндзысты, ахæм заводы проект. Уæрæсейы йын æмбал нæ уыдзæн. Равдисдзысты социалон цæрæнуæттæ аразыны ног технологитæ. Иннæ проект баст у, Цæгат Кавказы регионтæм, Фæскавказмæ, Хуссар зылды горæттæм æмæ хæстæгдæр фæсарæйнаг бæстæтæм бæлццæттæ ласыны автотранспортон куыстуат саразынимæ. Цæгат Ирыстоны туризмы, амалхъомдзинады æмæ инвестицион политикæйы министрад ацы проекттæ равзæрста уымæн æмæ иууылдæр сты экономикæйы пайдайæн. Экспозици бацахсдзæн 85 квадратон метры. Йæ пъол та йын скодтой нырыккон технологи стерео-вариомæ гæсгæ. Афтæ конд сты æмæ дзы нывтæ цыма бæрцуат сты. Чи сæм кæсы, уыдонæн цыма алыхуызон зиллакктæ сæ къæхты бын зилынц, уыйау. Социалон цæрæнуæттæ аразыны проект конд у технологи 3Д-йæ. Цъитийы дон та ныккодтой колбæты æмæ сæ сæвæрдтой мыды фæзгъæрты хуызы. Абон проекттæ фенын кæндзысты Уæрæсейы хицауады сæрдар Дмитрий Медведевæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania