19 сентября 2014, 13:53
Тарнизы ныхмæ тох кæныны нырыккондæр мадзæлттыл ныхас цыд абон наукон-парктикон конференцийы
Архайдтой дзы Уæрæсейы æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты минæвæрттæ. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы номæй ахуыргæндтæн раарфæ кодта хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем.
Тарнизæй рынчын чи у, фæлæ хостыл чи сахуыр, ахæм адæм, иннæ бæстæтимæ абаргæйæ, Уæрæсейы фылдæр ис. Тарнизы ныхмæ тох кæныны нырыккондæр мадзæлттыл ныхас цыд абон наукон-парктикон конференцийы. Архайдтой дзы Уæрæсейы æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты минæвæрттæ. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы номæй ахуыргæндтæн раарфæ кодта хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй тарнизы ныхмæ тохгæнæн ис, афоныл æй куы рабæрæг кæнай, уæд. Уый тыххæй та хъæуы ног методтæй пайда кæнын. Уымæн æмæ ацы низ зындæр дзæбæх кæнæн сси. Рынчын адæм хостыл кæй сахуыр вæййынц, уый аххосæй. Фæлæ техникон прогресс цæуы размæ. Зæгъæм, рефренс-лабораториты фæзындимæ низы ныхмæ æнцондæр тохгæнæн уыдзæн. Форум цæудзæн æртæ боны.
темæмæ гæсгæ