филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:24 суббота, 21 сентября 2024
22 сентября 2014, 11:00
Цæгат Ирыстоны æрымысыдысты Гæналдоны комы æрдзон фыдбылызы амæттæгты

12 азы размæ 20-æм сентябры хохæй ратыдта стыр их æмæ йæ хъæлæсы ахаста Хъæрмæдоны хъæу, хæдзæрттæ, фæлладуадзæн бынæттæ, нæ бацæуæрзта адæмыл дæр. 120 адæймаджы цард аскъуыд иу уысммæ. Абон дæр йæ фæстиуджытæ бæрæг дарынц комыл. Уæззау хъæдгом нæ дзæбæх кæны.

74373
12 азы размæ 20-æм сентябры хохæй ратыдта стыр их æмæ йæ хъæлæсы ахаста Хъæрмæдоны хъæу, хæдзæрттæ, фæлладуадзæн бынæттæ, нæ бацæуæрзта адæмыл дæр. 120 адæймаджы цард аскъуыд иу уысммæ. Абон дæр йæ фæстиуджытæ бæрæг дарынц комыл. Уæззау хъæдгом нæ дзæбæх кæны. Трагедийы амæттæгты æрымысыдысты, коммæ бацæуæны сæ номыл цы цыртдзæвæн ис, уым. Ардæм рыстзæрдæйæ хастой веноктæ, дидинджытæ, мыдадзын цырæгътæ. Номарæн мадзалы архайдтой республикæйы разамынд, парламенты депутаттæ, районты администрациты разамонджытæ, мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ, стæй хуымæтæг адæм. Минут æдзæмæй алæугæйæ æрымысыдысты ихзæйы бын чи фæцис, уыдоны рухс нæмттæ.
Доййаты Аслæнбег, Джызæлы администрацийы хицау: «Тынг уæззау бон у Ирыстонæн. 12 азы размæ уыцы ивирхъау цау куы æрцыдис, уæд бирæ адæм фесæфтис. Мæ зæрдæ абон зæгъы æгасæй дзы чи баззад, уыдонæн сæ цæрæнбон хуыцау бирæ скæнæт, чи дзы нал ис уыдон та цы бæсты сты, уыцы бæсты хорзæх сæ уæд. Сæ ном рох макуы уæд. Бирæ адæм хъуыды кæндзысты».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania