филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:56 суббота, 21 сентября 2024
22 сентября 2014, 11:09
Чысыл æмæ астæуккаг бизнес Уæрæсейы хъалонисæн системæйы цы бынат ахсы, уый тыххæй ныхас цыд Дзæуджыхъæуы амалхъомдзинады центры

Конференци сарæзтой Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы хъæппæрисæй. Æрбахуыдтой йæм финансты министрады, хъалонисæн оргæнты куысджыты, районты администрациты минæвæртты, стæй амалхъом адæмы. Сæ ныхасы сæр уыд, амалхъом адæм паддзахадон хъалонтæ æмбырд кæныны хъуыддаджы цы бынат ахсынц, уый сбæрæг кæнын.

74193
Конференци сарæзтой Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы хъæппæрисæй. Æрбахуыдтой йæм финансты министрады, хъалонисæн оргæнты куысджыты, районты администрациты минæвæртты, стæй амалхъом адæмы. Сæ ныхасы сæр уыд, амалхъом адæм паддзахадон хъалонтæ æмбырд кæныны хъуыддаджы цы бынат ахсынц, уый сбæрæг кæнын. Уымæй уæлдай дзырдтой, чысыл æмæ астæуккаг бизнесы рæзтæн паддзахад цы хуызы хъуамæ æххуыс кæна, ууыл. Ныртæккæ республикон бюджеты 6 проценты æххæстгонд цæуынц амалхъом адæмы фæрцы. Горæты сты 20 проценты, районты та – 15%. «Ацы бæрæггæнæнтæ фæфылдæр уаиккой, сæ хъалонтæ сын куы фæкъаддæр кæниккой, уæд» – загътой конференцийы. Бирæтæ рацæуиккой аууонæй æмæ фидиккой сæ хъалонтæ. Уæрæсейы Федерацийы хъалонисæн службæйы минæвæрттæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй сæм ахæм бартæ нæй, уымæн æмæ хъалоны бæрц фидаргонд цæуы Мæскуыйы æмæ йæ Цæгат Ирыстоны сæ бон фæкъадæр кæнын нæу.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania