филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:26 суббота, 21 сентября 2024
22 сентября 2014, 11:17
Нæлгоймæгты æмæ бæлццæтты бардуаг Лæгтыдзуарæн ног цыртдзæвæн байгом кодтой Хъарман-Сындзыхъæуы

Уый фæдыл кадджын æмбырд арæзт æрцыд хъæумæ бацæуæны дзуары бынаты. Скульптурæйы автор у Мæрзаты Таймураз. Рагæй йæм уыди ацы фæнд, æмæ ныр йæ къухы бафтыд.

74383
Уый фæдыл кадджын æмбырд арæзт æрцыд хъæумæ бацæуæны дзуары бынаты. Скульптурæйы автор у Мæрзаты Таймураз. Рагæй йæм уыди ацы фæнд, æмæ ныр йæ къухы бафтыд. Стыр æххуыс ын бакодтой амалхъом адæм æмæ фæлтæрдджын скульптортæ. Куыддæр цыртдзæвæн байгом кодтой, афтæ хистæртæ, ирон æгъдаумæ гæсгæ скуывтой Лæгтыдзуармæ. Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары хъомылгæнинæгтæ та æрбацæуджытæн радтой зæрдæмæдзæугæ концерт.
Мæрзаты Таймураз, скульптурæйы автор: «Ардыгæй бирæ адæм цæудзæн, æмæ сæхи Уастырджийыл фæдзæхсдзысты, мысайнаг дæр дзы сæвæрæн ис. Æххуыс сын кæндзæн алкæмæн дæр. Чидæриддæр дзы куы цæуа, уæддæр ын ахъазгæнæг уæд».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania