филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:43 суббота, 21 сентября 2024
22 сентября 2014, 17:33
Беслæны рæвдауæндæттæй иуы æрцыд æнахуыр цау

Сывæллæттæн райсомы хæрдæн бахæрын кодтой æнæхæрзхъæд кас. Сабитæ куыд радзырдтой, афтæмæй дзы федтой зулчъытæ. Ныййарджыты бафæндыд хъуыддаг сбæлвырд кæнын æмæ сæхæдæг бацыдысты рæвдауæндоны хæринаггæнæн къæбицмæ.

74401
Сывæллæттæн райсомы хæрдæн бахæрын кодтой æнæхæрзхъæд кас. Сабитæ куыд радзырдтой, афтæмæй дзы федтой зулчъытæ. Ныййарджыты бафæндыд хъуыддаг сбæлвырд кæнын æмæ сæхæдæг бацыдысты рæвдауæндоны хæринаггæнæн къæбицмæ. Аныхас кодтой рæвдауæндоны сæргълæууæгимæ дæр. Уый фæстæ арæзт æрцыд хъæппæрисджын къорд æмæ сæ хъаст ныффыстой прокуратурæмæ.

Хуыгаты Фатимæ уыцы бон йæ сывæллоны цафон æмбæлд, уымæй фæстæдæр æрбакодта. Куыд федта, афтæмæй уæдмæ хъомылгæнинæгтæн сæ райсомы хæрд нæма бахæрын кодтой. Цæуыннæ, уый бæрæггæнæг бацыд хæрианггæнджытæм. Хъуыддаг куы сбæрæг, уæд, куыд фæзæгынц, йæ сæрыхъуынтæ арц сбадтысты???

Хабар апарахат ныййарджыты хсæн. Хуыгаты Фатимæ ма хъавыд æвдисæн телефонæй сисын, фæлæ кас цыдæр фæци. Фатимæ телефоны камерæмæ цалдæр кадры йеддæмæ нæ систа. Мæстджын ныййарджытæ аныхас кодтой рæвдауæндоны сæргълæууæгимæ. Фæлæ бæлвырд дзуапп нæ райстой.

Рахизфарсы районы ахуырады управленийы куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй сывæллæттæн хæрын кæныны хъуыддаджы къуылымпыдзинæдтæ фæзындысты фарон октябры. Уæд хойрæгтæ ласæн куыстуæттæ систой сæ æргътæ æмæ сæ фылдæр фехæлдтой рæвдауæндæттимæ æмæ скъолатимæ бадзырдтæ. Æмæ кæмæн куыд гæнæн уыд, афтæ агуырдтой ног хойрæгтæ ласæн компанитæ. Фæлæ уый никæй раст кæны.

Рæвдауæндоны йе мгъуыд кæнæн фæци, ахæм кърупа куы рабæрæг, уæд дзы цæмæн спайда кодтой? Кæд æмæ йæ аппарын хъуыд, уæд. «Уый та у рæвдауæндоны сæргълæууæг æмæ йæ кусджыты аххос» – зæгъынц районы ахуырады управленийы.

Рæвдауæндоны къæбисгæс йæхи раст кæны, зæгъгæ, йын тыххæй райсын кодтой ахæм кърупа.

Беслæны 14-æм рæвдауæндоны сæвзæрд уавæры тыххæй зæгъынц «куыддæр къуыдыргæлмытæ федтой, афтæ кас акалдтой. Сывæллæттæй дзы ничи фæхъæстæ».

Ацы хъыддаджы фæдыл прокуратурæйы æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг управленийы специалисттæ кæнынц бæстон куыст. Фæлæ рæвдауæндонмæ бæрæггæнæг куы рбацыдысты, уæд къæбицы нæдæр кас, нæдæр дызæрдыггаг кърупа – нал уыдысты.

Бæслæны рæвдауæндоны сывæллæттæн хæринаджы хæрзхъæддзинадмæ цæуы лæмбынæг цæстдард. Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæн управленийы кусджытæ цалдæр боны бæрæг кодтой къæбисы уавæр, йæ сыгъдæгдзинад, хойрæгты хæрзхъæддзинад. Кæронбæттæн хатдзæгтæ бæрæг уыдзысты 25-æм сентябры, зæгъынц специалисттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania