филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:34 суббота, 21 сентября 2024
22 сентября 2014, 17:34
Цæгат Кавказы территоритæ зæххæнкъуыст, уыцы фарстатыл ныхас цæуы Дзæуджыхъæуы æппæтдунеон конференцийы

Бæстæйы стыр ахуыргæндтæ æрдзурдзысты Цæгат Кавказы æрдзон æмæ геологон уавæрыл. Наукон форумы архайджытæн республикæйы сæргълæууæджы номæй раарфæ кодта хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Хадыхъаты Азæмæт. Бафиппайдта, конференцийы хатдзæгтыл стыр ныфсытæ кæй æвæрынц, уый.

74404
Цæгат Ирыстоны æмæ Кавказы æндæр республикæты территоритæ зæххæнкъуыст æмæ æндæр æрдзон фыдбылызтæ рцæуынæй рагацау куыд сбæрæг кæнæн ис, стæй нефты æвæрæнтæ цас сты, уыцы фарстатыл ныхас цæуы Дзæуджыхъæуы æппæтдунеон конференцийы.

Бæстæйы стыр ахуыргæндтæ æрдзурдзысты Цæгат Кавказы æрдзон æмæ геологон уавæрыл. Наукон форумы архайджытæн республикæйы сæргълæууæджы номæй раарфæ кодта хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Хадыхъаты Азæмæт. Бафиппайдта, конференцийы хатдзæгтыл стыр ныфсытæ кæй æвæрынц, уый. Хъолайы цъити кæй ратыдта, уый дæр æвдисы, æрдзы скондмæ æдзух цæстдарын кæй хъæуы. Конференцийы архайынц бæстæйы стыр ахуыргæндтæ.

Ацы конференци арæзт æрцыд Уæрæсейы наукæты академийы Дзæуджыхъæуыккаг геофизикон иртæстыты центры директор Владислав Заалишвилийы 65 азы кадæн. Лæвæрттæй фæстæмæ профессорæн йæ наукон куыстыты тыххæй радтой Уæрæсейы наукæты академийы Кадджын нысан, «Экологи хъахъхъæныны» орден æмæ «Сыгъдæг Варварæйы» орден – у шахтерты æмæ хæххон промышленносты куысджыты бардуаг. Владислав Заалишвили у уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг академиты æцæг уæнг. Конференци цæудзæн 3 боны.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania