филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:42 суббота, 21 сентября 2024
23 сентября 2014, 11:12
Ацы аз Колыты Аксойы номыл дины скъолайыл сæххæст аст азы

Ахуыргæнджытæ æмæ дзы дины кусджытæ сывæллæтты ахуыр кæнынц астæуккаг скъолайы программæмæ гæсæг, стæй сын дæттынц чырыстон дины бындурон зонындзинæдтæ. Сæ зæрдыл сæ куыд бадарынц, уый ахуырдзаутæ равдисынц алыхуызон олимпиадæты, сæ удварны хъæздыгдзинад та равдисдзысты сæ дарддæры царды.

74414
Ацы аз Колыты Аксойы номыл дины скъолайыл сæххæст аст азы. Ахуыргæнджытæ æмæ дзы дины кусджытæ сывæллæтты ахуыр кæнынц астæуккаг скъолайы программæмæ гæсæг, стæй сын дæттынц чырыстон дины бындурон зонындзинæдтæ. Сæ зæрдыл сæ куыд бадарынц, уый ахуырдзаутæ равдисынц алыхуызон олимпиадæты, сæ удварны хъæздыгдзинад та равдисдзысты сæ дарддæры царды.

Ацы гимназийы ныртæккæ ис æрмæстдæр 4 къласы, фæлæ ахуыргæнджытæ æууæндынц, 11-æм къласы онг дзы ахуыр кæнын кæй райдайдзысты, ууыл.

Дины гимназы алы къури райдайы хуыцаумæ куывдæй. Хуымæтæг предметтæй фæстæмæ сывæллæтты ахуыр кæнынц Дзуæртты цард, стæй Чырыстон дины культурæйыл. Æндæр иннæ скъолаты программæйæ чырыстон дины гимназ ницæмæй хицæн кæны.

Калоты Зæлинæ, Ахуырдзауты проектон куыстыты разамонæг: «Не скъола хæссы Колыты Аксойы ном. Æмæ нæ ахуыргæнджытæ, ахуырдзаутæ архайынц базонын чи уыд Колыты Аксо, йæ цард. Нæ ахуырдзау Къæболты Мария ныффыста тынц дзæбæх проект Колыты Аксойы тыххæй. Не стыр бæрæгбæттæ райдайынц Гимназийы куывдæй хуыцаумæ. Æмæ къæболты Мария райдайы нæ бæрæгбæттæ. Ирон æвзагыл радзуры Колыты Аксойы хуыцаумæ куывд «мах фыд».

Колыты Аксойы номыл скъола байгом 8 азы размæ. Кусы дзы хæларзæрдæ къорд. Сывæллæтты хъомыладмæ æппынæдзух сæ цæст дарынц ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæ. Скъоладзаутæ аразынц сæ проекттæ, цæттæ кæнынц бæрæгбæттæ, стыр æргом дзы здæхт цæуы ирон æвзаг æмæ культурæмæ.

Томайты Гæлинæ, Ирон æвзаджы ахуыргæнæг: «Нæ программæ у нæ горæты цы программæ ис, уыцы программæмæ гæсгæ мах ахуыр кæнæм ирон æвзаг стæй ма нæм ис ирон фæндырдзæгъдджыты къорд. Сывæллæттæ архайынц ирон кафтыты къорды. Фæсурокты ма нæм и сиу къорд – «библи сывæллæттæн». Уым лæмбынæгæй æркæсæм стыр бæрæгбæттæм».

Фæсихор сывæллæттæн вæййы фæсурокты ахуыртæ дæр. Теннис, фехтовани, шашкæтæ, ирон кæфтытæ, фæндыр æмæ æндæр зæрдæмæдзæугæ къордтæ.

Сывæллæттæ ацы скъоламæ разæнгардæй цæуынц. Лейла Миделашвили ахуыр кæны 4-æм къласы æмæ алы райсом зæрдиагæй тагъд кæны урочытæм. Бирæ уарзы йæ ахуыргæнджыты

Сывæллæттæ скъолайы программæ сæ зæрды куыд бадарынц, уый равдисынц алыхуызон олимпиадæты, сæ удварны хъæздыгдзинад та равдисдзысты сæ дарддæры царды.

Ацы гимназы ныртæккæ ис æрмæстдæр 4 къласы, фæлæ ахуыргæнджытæ æууæндынц, 11-æм къласы онг дзы ахуыр кæнын кæй райдайдзысты, ууыл.

Моргуаты Ладæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania