филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:26 суббота, 21 сентября 2024
23 сентября 2014, 17:41
1-аг дунеон хæсты 100 азмæ архивон службæйы уыд наукон конференци

Цæгат Ирыстоны архивон службæйы кусджытæ архайынц, Фыццаг дунеон хæсты хъæбатырты нæмттæй рохуаты чи баззад, уыдон æмæ историон гæххæттытæ сног кæныныл.

74426
Цæгат Ирыстоны архивон службæйы кусджытæ архайынц, Фыццаг дунеон хæсты хъæбатырты нæмттæй рохуаты чи баззад, уыдон æмæ историон гæххæттытæ сног кæныныл.
1-аг дунеон хæсты 100 азмæ архивон службæйы байгом наукон конференци. Кусын дзы райдыдта историон-документалон равдыст «Стыр хæсты номыл».
Зæгъын хъæуы уый, æмæ архивон службæйы специалисттæ афæдзмæ сбæрæг кодтой 15000 хæстоны нæмттæ.
Конференцийы рæстæг архивты специалисттæ радзырдтой ирон полктæ куыд арæзт цыдысты, уый тыххæй. Фыццаг ахæм дæлхайадæн разамынд лæвæрдта Хадыхъаты Виссарион. Конференцийы архайдта йæ фæдон – Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Хадыхъаты Азæмæт. Куыд бафиппайдта, афтæмæй архивон службæ стыр куыст бакодта. Йæ специалисттæ ссардтой æмæ сног кодтой, аргъ кæмæн нæй, ахæм гæххæттытæ.
Æхсызгон уый у, æмæ Фыццаг дунеон хæсты тыххæй мыхуыры кæй рацыд чиныг «Великая и забытая в документах эпохи». Фыст дзы сты республикæйы центрон архивы æрмæджытæ: Теркаг хъазахъхъаг æфсады мобилизаци æмæ службæйы æмæ æндæр дæлхайæдты тыххæй æрмæджытæ.
Ацы хæст кæд «Рохгондыл» нымад у, уæддæр архивон службæйы куысджытæ сæ размæ æвæрынц хæс, æппæт æрмæджытæ сног кæнын æмæ адæмы уыцы хæсты хъæбатыртимæ зонгæ кæнын.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania