филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:43 суббота, 21 сентября 2024
24 сентября 2014, 11:04
Уæллаг Ларсы контролон-уадзæн пункты куыст зæрдæмæдзæугæ кæй нæу, уый тыххæй бæлццæттæй бирæ хъæстытæ цæуы

Сæ сæйраг хъаст у, цалдæр сахаты сæ рады лæууын кæй бахъæуы, уый. Фæндагыл сæмбырд вæййы бирæ транспорт: автобустæ, уæзласæн æмæ рог машинæтæ. Гуырдзыйы зæй куы рацыд, уыдæй нырмæ та дзы лæууы 1000 уæзласæн машинæйæ фылдæр.

74078
Сæ сæйраг хъаст у, цалдæр сахаты сæ рады лæууын кæй бахъæуы, уый. Фæндагыл сæмбырд вæййы бирæ транспорт: автобустæ, уæзласæн æмæ рог машинæтæ. Гуырдзыйы зæй куы рацыд, уыдæй нырмæ та дзы лæууы 1000 уæзласæн машинæйæ фылдæр.
Цалдæр сахаты æнхъæлмæ кæсын кæмæнфæнды дæр æнцон нæу. Уæрæсейы арæнтæ кæд хæстæг сты, адæм æй уынынц, уæддæр йæ сæрты ахизын сæ бон нæу.
Уыимæ Уæллаг Ласрмæ хæстæг фæндаг нарæгдæр у æмæ дзы 2 машинæйы кæрæдзийы фарсмæ дæр не рлæудзысты. Афтæмæй машинæты рагъ адаргъ вæййы. Адæм мæсты кæнынц. Сывæллæттæ тыхсынц.
Арæнхъахъхъæнджытæ æмбарын кæнынц, фылдæр рæстæг ацæуы уæзласæн машинæтæ сбæрæг кæныныл. Зæйы рацыды фæстæ дзы сæмбырд бирæ уæзласæн машинæтæ, æмæ сæ хъæуы тагъддæр ауадзын. Æмæ кусынц – цас æмбæлы, уымæй фылдæр. 100 уæзласæн машинæйы бæсты – бонмæ басгарынц 200 машинæйы.
Уæзласæн машинæты хицæуттæ куыд зæгъынц, афтæмæй дзæгъæл лæугæйæ ам никæй уынынц, фæлæ уæддæр иннæ бæстæтимæ абаргæйæ, ам хъуыддаг сындæгдæр цæуы.
Гуырдзыстоны рдыгæй чи цæуы, уыцы адæм куыд зæгъынц, афтæмæй Гуырдзыйы таможняйы дзæвгар тагъддæр кусынц. Уым сæ тагъд ауадзынц, ам та фæтк дæргъвæтин кæй хæссы, уымæ гæсгæ машинæтæ æмбырд кæнынц. Æмæ сæвзæры ахæм уавæр.
Фæлæ арæнхъахъхъæнджытæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй алы бæстæйы дæр арæнты сæрты ахизынæн ис йæхи фæтк æмæ домæнтæ. Æмæ кæмдæр тагъддæр цæуы хъуыддаг, кæмдæр сындæгдæр.
Æрæджы хаст æрцыд уынаффæ, автобустæ уадзын рог хæдтулгæтæ кæуылты цæуынц, уыцы рæгъыл. Æмæ иу кæд бонмæ домæнтæм гæсгæ 400-600 транспорты иуæджы уагътой, уæд ныртæккæ сбæрæг кæнынц 3000 алыхуызон машинæйы æмæ автобусы. Ахæм фæткмæ гæсгæ кусгæйæ, хъуамæ фæндагыл сæвзæрд уавæр – тагъд рæстæджы аива хуыздæрырдæм.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania