филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:31 суббота, 21 сентября 2024
24 сентября 2014, 17:27
Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад рацаразыны фонды разамонæг Сергей Степашины разамындæй Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд æмбырд

Нæ республикæйы 900 бинонтæй фылдæр 2017-æм азмæ кæлæддзаг хæдзæрттæй раивдзысты ногтæм.

Сæрмагонд программæ æххæст кæнын райдыдтой фарон æмæ куыст куыд цæуы, ууыл абон æрныхас кодтой Дзæуджыхъæуы регионалон æмбырды рæстæг. Дзырдтой, Уæрæсейы Президенты майы указтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл.

74451
Нæ республикæйы 900 бинонтæй фылдæр 2017-æм азмæ кæлæддзаг хæдзæрттæй раивдзысты ногтæм.

Сæрмагонд программæ æххæст кæнын райдыдтой фарон æмæ куыст куыд цæуы, ууыл абон æрныхас кодтой Дзæуджыхъæуы регионалон æмбырды рæстæг. Дзырдтой, Уæрæсейы Президенты майы указтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Уый тыххæй республикæмæ ссыд нæ бæстæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад рацаразыны фонды разамонæг Сергей Степашин, æмæ паддзахадон корпорацийы разамынды сæрдар Константин Цицин, стæй Цæгат Кавказы Федералон зылды субъектты æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ. Сергей Степашин куыд загъта, афтæмæй хъæуы программæ царды уадзыны хъуыддаг фæтагъддæр кæнын. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, сæ царыны уавæртæ фæхуыздæр кæнын кæмæн хъæуы, ахæм адæмы нымæц рæзы.

Программæ царды рауадзынæн хъæуы фараст миллиард сомы бæрц. Фондæй сæ радих кæнынц æнæ къуылымпытæй. Ныхас ма цыд бирæуæладзыгон хæдзæртты арæзтадыл æмæ цалцæггæнæн куыстытыл дæр. Цæгат Ирыстон хауы нæ федералон зылды цыппар субъектмæ, йæ нормативон базæ æмæ бындурон цалцæджы тыххæй курдиат хорзыл кæмæн банымадтой. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад рацаразыны фондæй нæ республикæ иннæ аз райсдзæн цыппор иу милуан сомы. Нæ бæстæйы куысты иумæйаг хатдзæгтыл дзургæйæ, Константин Цицин загъта уæндондæрæй кусын кæй хъæуы, уый. Фæлæ кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны хъуыддаг Цæгат Кавказы цæуы, куыд æмбæлы, афтæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania