филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:39 суббота, 21 сентября 2024
25 сентября 2014, 11:07
Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт арæзт æрцыд бæгæныфыцджыты Æппæтдунеон конкурс «Ирон бæгæны 2014»

Йæ радон къæпхæн уыд Алагиры районы. Ирон фынджы бæркад æмæ дзы бæгæны фыцыны дæсныйад равдыстой районы 20 бæгæныфæцæджы. Аргъ та сын кодтой культурæйы министрады, культурæйы æмæ этнотуризмы центр «Фарн»-ы, стæй компаниты къорд «Бавари»-йы специалисттæ.

74460
Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт арæзт æрцыд бæгæныфыцджыты Æппæтдунеон конкурс «Ирон бæгæны 2014». Йæ радон къæпхæн уыд Алагиры районы. Ирон фынджы бæркад æмæ дзы бæгæны фыцыны дæсныйад равдыстой районы 20 бæгæныфæцæджы. Аргъ та сын кодтой культурæйы министрады, культурæйы æмæ этнотуризмы центр «Фарн»-ы, стæй компаниты къорд «Бавари»-йы специалисттæ. Хуыздæртæн ратдзысты хцайы премитæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.

29-æм октябры уыдзæн финал. Уым дунейы хуыздæр бæгæныфыцæг æвзæрст цæудзæн Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары æмæ Хъæрæсе-Черкесийы минæвæртты хсæн.

Конкурс арæзт æрцыд РЦИ-Аланийы культурæйы министрады, стæй традицион культурæйы æмæ этнотуризмы республикон центр «Фарн»-ы æххуысæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania