филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:41 суббота, 21 сентября 2024
25 сентября 2014, 11:11
Республикæйы национ библиотекæйы уыд фембæлд Кæсæг-Балхъары республикæйы фыссæг Хасан Тхазепловимæ

Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны фысджытæ. Ацы фембæлд арæзт æрцыд наукон библиотекæйы проект «Книжная кофейна «Зеленая лампа»-йы фæрцы. Кæсæг Балхъары фыссæг Хасан Тхазеплов куыд загъта, афтæмæй ахæм литературон фембæлдтытæ ахъаз сты республикæты æхсæн бастдзинæдтæ фидар кæнынæн.

74463
Республикæйы национ библиотекæйы уыд фембæлд Кæсæг-Балхъары республикæйы фыссæг Хасан Тхазепловимæ. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны фысджытæ. Ацы фембæлд арæзт æрцыд наукон библиотекæйы проект «Книжная кофейна «Зеленая лампа»-йы фæрцы. Кæсæг Балхъары фыссæг Хасан Тхазеплов куыд загъта, афтæмæй ахæм литературон фембæлдтытæ ахъаз сты республикæты æхсæн бастдзинæдтæ фидар кæнынæн. Йæхи йын арæх фæхоныныц физик æмæ лирик дæр. У поэт, у Уæрæсейы аивæдты сгуыхт архайæг, стæй техникон наукæты кандидат. Йæ поэзийы ис æвæрд стыр удварн. Хасан Тхазеповæн арфæйы ныхæстæ загътой адæмон фысджытæ Гурдзыбегты Иринæ, Ходы Камал, Джусойты Нафи æмæ Дзасохты Музафер. Фæнысан кодтой уазæджы ахадындзинад йæ куысты. У «Литературон Кæсæг-Балхъар»-ы журналы сæйраг редактор. Уазæг разыйæ баззад ахæм фембæлдæй æмæ раарфæ кодта библиотекæйы кусджытæн, стæй фысджыты Цæдисы уæнгтæн.

Ходы Камал, РЦИ-Аланийы фысджыты Цæдисы сæрдар: «Æртæккæ бирæ къуылымпыдзинæдтæ ис чиныгуадзыны хъуыддаджы, цы хуызы уадзынц, уыдон сæ национ хуыздæр уацмыстæ, куыд сы пропогандæ кæнынц, куыд сæ хæлиу кæнынц æндæр адæмты æхæсæн æмæ æвæццæгæн бакæсдзысты сæ ног уацмыстæ дæр . цыбыр дзырдæй ахæм фембæлдтæ арæхдæр кæнын кæй хъæуы, уый махмæ гуырысхойаг нæ кæсы».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania