филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:30 суббота, 21 сентября 2024
25 сентября 2014, 17:20
Абон уыд Парламенты 24-æм æмбырд

Республикæйы Парламент йæ 24-æм æмбырды æркаст 20 фарстамæ. Амыдта йæ Алексей Мачнев. Æрæджы цы æвзæрстытæ ацыд, уыдоны хатдзæгтæм гæсгæ сæ депутаты бартæ сфидар кодтой Токаты Нохæн æмæ Кæсæбиты Игорæн. Фыццаг бакасты æрдзырдтой, республикæйы Сæргълæууæг цы закъонты проекттæ бахаста, уыдоныл.

74093
Республикæйы Парламент йæ 24-æм æмбырды æркаст 20 фарстамæ. Амыдта йæ Алексей Мачнев. Æрæджы цы æвзæрстытæ ацыд, уыдоны хатдзæгтæм гæсгæ сæ депутаты бартæ сфидар кодтой Токаты Нохæн æмæ Кæсæбиты Игорæн. Фыццаг бакасты æрдзырдтой, республикæйы Сæргълæууæг цы закъонты проекттæ бахаста, уыдоныл. Сæ иу баст у паддзахадон хæрзиуджытимæ. Хъуамæ фæзыной кадджын нæмтты ног хуызтæ: «Бастдзинады къабазы сгуыхт кусæг» æмæ «Сгуыхт ирвæзынгæнæг». Ивддзинæдтæ хъуамæ хаст æрцæуой иннæ нæмттæ дæттыны домæнтæм дæр. Бæстон ныхас уыд бюджетон фарстатыл. Хатдзæгтæ скодтой, сæйраг финансон документ афæдзы фыццаг æмбисы куыд æххæстгонд æрцыд, уымæн. Финансты министр Наталья Царева куыд фехъусын кодта, афтæмæй æфтиæгты хайæн сæххст кодтой йæ 53,6%, хæрдзты хайæн та – 45,7%. Кæд æмæ æфтиæгтыл æвæрд хъалонты бæрц зынгæ фæфылдæр, уæддæр хъалонты бирæ хуызтæ, куыд нысан кодтой, афтæ нæ рауадысты. Депутаттæ бирæ фарстатæ систой. Цы хъуыдытæ загътой, уыдон баст уыдысты афæдзы кæронмæ бюджет, куыд æмбæлы, афтæ сæххæст кæнынимæ.
Хæдарцаты Аслæнбег, РЦИ-Аланийы Парламенты бюджеты, хъалонты æмæ исбоны комитеты сæрдар: «Ацы аз фыццаг хатт кусæм паддзахадон программæтæм гæсгæ. Æмæ афæдз куы фæуа, уæд æркæсдзыстæм, раст снысан кодтам нæ архайд, нæ бюджет, æви нæ. Фарстатæ алы къабæзты дæр бирæ ис. Хъуыды кæнын хъæуы адæмыл, хистæртыл, кæстæртыл. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазмæ фылдæр æргом раздахын хъæуы. Афæдзы кæрон нæ æппæт фарстатæм бæлвырддæр æркæсдзыстæм».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania