филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:49 суббота, 21 сентября 2024
29 сентября 2014, 17:14
Уыд Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды депутатты фыццаг сесси

Абон уыд Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды депутатты фыццаг сесси. Депутаттæ æвзæрстой Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæджы. Сси Хæдарцаты Махарбег.

74516
Абон уыд Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды депутатты фыццаг сесси. Депутаттæ æвзæрстой Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæджы. Сси Хæдарцаты Махарбег.
Уымæй уæлдай ма депутаттæ ныхас кодтой организацион фарстатыл. Сфидар кодтой депутатты бартæ, равзæрстой секретариаты, мандатон æмæ нымайæн къамисты уæнгты.
Æмбырды райдиан Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз фæсидт ногæвзæрст депутаттæм, цæмæй адæмы æмæ горæты пайдайæн кусой дысфæлдæхтæй æмæ æнæрынцойæ.
Уый фæстæ депутатты раз раныхас кодта Дзæуджыхъæуы Галиуфарсы районы æвзарæн къамисы сæрдар Хъараты Тимур. Се ппæты базонгæ кодта æвзæрстыты хатдзæгтимæ политикон партиты номхыгъдмæ гæсгæ. Афтæмæй – æдæппæтæй депутаттæ сты 32. Уыдонæй 10 мандаты æрхауд «Иугонд Уæрæсе»-мæ, 4 – «Уæрæсейы патриоттæм», фæйнæ мандаты та ис «Рæстаг Уæрæсе»-мæ æмæ «Коммунистон партимæ».
Иумандатон зылды æвзæрстыты хатдзæгтæм гæсгæ 12 депутаты сты «Иугонд Уæрæсе»-йæ, 3 – «Уæрæсейы патриоттæй», иу депутат та – йæ кандидатурæ йæхæдæг чи балæвæрдта, ахæм.
Организацион фарстатæм куы æркастысты, уæд ныхас райста Дзæуджыхъæуы ног разамонæг Хæдарцаты Махарбег. Ард бахордта æмæ зæрдæ бавæрдта, Дзæуджыхъæуы райрæзтыл æмæ йæ цæрджыты пайдайæн кæй кусдзæн.
Радзырдта, йæ размæ цы хæстæ æвæры, уыдоны тыххæй.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania