филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:47 суббота, 21 сентября 2024
01 октября 2014, 11:00
Гом акционерон æхсæнад «Цæгаткавказэнерго» Алагиры байгом кодта адæмæн лæггæдты центр

Уый у фæндзæм ахæм центр нæ республикæйы. Йæ нысан у абоненттæн лæггæдтæ дæттыны хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын. Центр байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта «Цæгаткавказэнерго»-йы разамындæттæг директор Захъаты Хъазыбег,

74544
Гом акционерон æхсæнад «Цæгаткавказэнерго» Алагиры байгом кодта адæмæн лæггæдты центр. Уый у фæндзæм ахæм центр нæ республикæйы. Йæ нысан у абоненттæн лæггæдтæ дæттыны хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын. Центр байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта «Цæгаткавказэнерго»-йы разамындæттæг директор Захъаты Хъазыбег, Алагиры районы сæргълæууæг Хæдарцаты Руслан æмæ Алагиры разамонæг Хъайтыхъты Виталий. Се ппæт дæр раарфæ кодтой алагирæгтæн, ахæм æнцонархайд центр сæм кæй фæзынд, уый тыххæй. Зæрдæ дарæн ис, йæ фæрцы зынгæ кæй фæахадгæдæр уыдзысты электрон тыхдæттæг компанийы æмæ районы цæрджыты ахастдзинæдтæ. Амæй фæстæмæ зынгæ фенцондæр уыдзæн канд электрон тыхæн фидыны нæ, фæлæ ма æмбæлгæ консультацитæ исыны хъуыддаг дæр. Ног центр кусдзæн райсомы аст сахатæй – изæры фондз сахатмæ. Йæ фæллад уадздзæн сабаты æмæ хуыцаубоны. Сæрмагонд программæ æххæст кæнгæйæ, ахæм центртæ байгом кæнынмæ хъавынц республикæйы æппæт районты дæр.

Дзасохты Алан, Алагиры энергидæттæг хайады хицау: «Абон Алагиры цæрджытæн стыр æхсызгондзинад скодтам. Ацы центры фæрцы зынгæ фенцондæр уыдзæн нæ куыст».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania