01 октября 2014, 17:20
Нозтджын шофыртыл рейд сарæзтой пъæлицæйæгтæ
Нозтджын шофыртæ закъонхалджытæ иу æмæ дыууæ хатты нæ разынынц. Æмæ сæ административон æфхæрд дæр ницæуыл сахуыр кæны. Иуæй сын сæ гæххæттытæ байсынц, иннæмæй та ма бафидынц ивар – фæндзай мин сомы.
Нозтджын шофыртæ закъонхалджытæ иу æмæ дыууæ хатты нæ разынынц. Æмæ сæ административон æфхæрд дæр ницæуыл сахуыр кæны. Иуæй сын сæ гæххæттытæ байсынц, иннæмæй та ма бафидынц ивар – фæндзай мин сомы.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ ахæм мадзæлттæ растыл нымайынц. Уымæн æмæ статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæстаг аст мæймæ Цæгат Ирыстоны, нозтджын шофырты аххосæй æрцыд æртын дыууæ фæндаггон фыдбылызы. Дæс адæймаджы дзы фæмард, цыппорæй фесты алыхуызон цæфтæ. Уавæр аивыны тыххæй пъæлицæйæгтæ рæстæгæй-рæстæгмæ саразынц рейдтæ. Радон хатт рейдмæ рацыдысты фæндаггон-патрулон службæйы аст экипажы. Урæдтой машинæтæ, æмæ ныхас кодтой шофыртимæ. Сæ сæйраг хæс у – фæндаггон фыдбылызтæ не руадзыныл кусын, стæй нозтджын шофырты æфхæрын. Ацы азы райдианæй уал административон æгъдауæй æфхæрд баййæфтой цыппар мин адæймаджы. Хатгай, рейдты рæстæг, æнæ ныхмæлæудæй нæ рауайы. Инспектортæ æмæ шофыртæ кæрæдзийы нæ бамбарынц. Фæлæ ацы хатт пъæлицæйæгтæ закъонхалджыты не сбæрæг кодтой. Ахæм рейдтæ арæзт цæудзысты фидæны дæр.
Саламаты Сослан, фæндаггон-патрулон службæйы инспектор: « Ахæм рейдтæ тынг хъæугæ сты. Уымæн æмæ нозтджын шофыртæ арæх скъæрынц машинæтæ. Нæ рейдты та сæ сбæрæг кæнæм, æмæ семæ тох кæнæм».
темæмæ гæсгæ