01 октября 2014, 17:29
Ирыстойнаг спортсмен Хъуысаты Таймураз рамбылдта сызгъæрин майдан дунеон фæсивæдон ерысты джиу-джитсуйæ Румынийы
Æртындæсаздзыд лæппу цыппар фембæлды хæцгæйæ фæуæлахиз йæ ныхмæлæуджытыл. Таймураз ныридæгæн архайдта дыккаг ахæм егъау чемпионаты. Фыццаг хатт йæ тыхтæ æвзæрста Грецийы, фæлæ йын майдан рамбулын нæ бантыст.
Ирыстойнаг спортсмен Хъуысаты Таймураз рамбылдта сызгъæрин майдан дунеон фæсивæдон ерысты джиу-джитсуйæ Румынийы.
Æртындæсаздзыд лæппу цыппар фембæлды хæцгæйæ фæуæлахиз йæ ныхмæлæуджытыл. Таймураз ныридæгæн архайдта дыккаг ахæм егъау чемпионаты. Фыццаг хатт йæ тыхтæ æвзæрста Грецийы, фæлæ йын майдан рамбулын нæ бантыст. Дыккаг ерысы та Дзитойты Артуры хъомылгæнинаг йæхи равдыста иттæг хорз цæттæйæ. Уыйразмæ та Хъуысаты Таймураз рамбылдта цыппар уæрæсейаг ерысы.
Хетæгкаты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы джиу-джитсуйы федерацийы президент: «Ахæм спорты хуыз нæм раздæр нæ уыд. Æхсызгон у, лæппутæ дæр дзы кæй архайынц, æмæ чызджытæ дæр. Алкæйы бон дæр уыдзæн, бахъуаджы сахат йæхи бахъахъхъæнын».
темæмæ гæсгæ