Уымæй уæлдай ма, ахæм хъуыддаджы зылынджын кодтой «РусГидро»-йы Хъæрæсе-Черкесийы филиалы директоры дæр. Фæлæ уый дæр Стъараполы тæрхондон банымадта æнæзакъоныл. Сæрмагонд слестмæ гæсгæ, компанитæм закъонхæлдтытæ нæ раиртæстой.
Уыйразмæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хъалонтæ хъуамæ лæвæрд цæуой «РусГидро»-йы сæйраг компанимæ.
Дыууæ мины цыппæрдæсæм азы Русгидройы фарс рахæцыд бизнес-омбудсмен Борис Титов. Уый курдиат балæвæрдта Уæрæсейы Федерацийы цæгаткавказаг федералон зылды Генералон пропуратурæмæ. Уым ныхас цыдис, цæмæй бæрнон оргæнтæ бæстонæй æркæсой, уголовон хъуыддаг закъонмæ гæсгæ арæзт æрцыд, æви нæ, уымæ. Ныхас ма цыд амалхъом адæмы бартæ бахъахъхъæныныл дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм гом акционерон æхсæнад «Зæрæмæджы ГЭС»-ы генералон директор Тотраты Виталийыл уголовон хъуыддаг байгом кодтой 2013-æм азы.