филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:40 суббота, 21 сентября 2024
02 октября 2014, 11:10
Хæххон хъæуты кусæг ахуыргæнджытæ сты уæлдай кады аккаг

Октябры фыццаг хуыцаубоны Уæрæсейы фæбæрæг кæнынц ахуыргæнæджы бон. Уый кадæн арæзт фæцæуынц бæрæгбоны алыхуызон мадзæлттæ. Ацы хатт дæр уыдзæн афтæ. Уæвгæ ахуыргæнæджы кадджын ном чи хæссы, уыдон сты хицæн ныхасы аккаг. Абон уæ нæ прграммæйы базонгæ кæндзыстæм сæ иуимæ. Салæгаты Ларисæ ныр цалдæр азы англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй кусы Мацутæйы скъола-интернаты.

74573
Октябры фыццаг хуыцаубоны Уæрæсейы фæбæрæг кæнынц ахуыргæнæджы бон. Уый кадæн арæзт фæцæуынц бæрæгбоны алыхуызон мадзæлттæ. Ацы хатт дæр уыдзæн афтæ. Уæвгæ ахуыргæнæджы кадджын ном чи хæссы, уыдон сты хицæн ныхасы аккаг. Абон уæ нæ прграммæйы базонгæ кæндзыстæм сæ иуимæ. Салæгаты Ларисæ ныр цалдæр азы англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй кусы Мацутæйы скъола-интернаты. Зонындзинæдтæ дæтты Зæдæлескы æмæ Æхсауы лæппутæн æмæ чызджытæн. Ларисæ горæты æппæт уавæртæ баивта хæххон хъæуы цардыл. Æмæ нæ фæсмон кæны.

Англисаг æвзаджы ахуыргæнæг Салæгаты Ларисæ ныр цалдæр азы Дзæуджыхъæуæй фæцæуы хæххон хъæу Мацутæмæ. Кусы скъола-интернаты. Æмæ кæд ацы хъæуы скъоладзау кары сывæллæттæ нæй, уæддæр æм фæцæуынц Зæдæлескы æмæ Æхсауы лæппутæ æмæ чызджытæ. Æдæппæтæй æртын скъоладзауы. Ларисæ куыд зæгъы, афтæмæй йæ зæрдæмæ ахæм цард цæуы. Горæты æппæт уавæртæ баивта хæххон хъæуы цардыл. Сыгъдæг уæлдæф, фæлæ æвзæр фæндаг, æмæ ма бирæ æндæр хъуыддæгтыл хъуыди сахуыр кæнын. Скъоламæ бахæццæ уæвын дæр æнцон хъуыддаг нæу. Хорз боныхъæд куы уа, уæддæр æм фæцæуы дыууæ сахаты бæрц. Уымæ гæсгæ къуырийы дæргъы фæцæры скъола-интернаты сывæллæттимæ иумæ, уыйфæстæ ацæуы Стыр-Дыгурмæ. Уым дæр æм фенхъæлмæ кæсынц йæ ахуыргæнинæгтæ. Дзæуджыхъæуы та вæййы æрмæстдæр хуыцаубоны. Коллективимæ дæр æмæ йын ахуырдзаутимæ дæр ис æнгом ахастдзинæдтæ.

Цæллаты Азæмæт, Мацутæйы скъола-интернаты 8-æм къласы ахуыргæнинаг: «Бирæ уарзын æз англисаг æвзаг. Бузныг нæ ахуыргæнæгæн. Хорз зонындзинæдтæ нын дæтты».

Фæсарæйнаг æвзаджы ахуыргæнæджы ацы скъолайы агуырдтой тынг бирæ рæстæг. Скъоладзаутæ афæдзы рдæг нæ ахуыр кодтой англисаг æвзаг. Æмæ бамбарæн ис. Хæххон хъæумæ йæ цæрæнбынат чи раива, ахæм адæм бирæ нæ разыны. Чи сразы вæййы, уыдон та хатгай, зындзинæдтыл сæмбæлгæйæ, фæстæмæ горæтмæ алидзынц.

Хайманты Мæирбег, Мацутæйы скъола-интернаты директор: «Тынг хорз æмæ фæлтæрдджын ахуыргæнæг у Ларисæ. Бирæтæ хъæутæм нæ фæкомынц, зын у, зæгъгæ. Фæлæ Ларисæ йæ дæсныйад тынг уарзы. Уый бæрæг дæры йæ ахуыргæнинæгтыл дæр».

Скъолайы директор куыд зæгъы, афтæмæй ахæм ахуыргæнджытæн уæлдай кæд кæнын хъæуы. Цæмæй разæнгарддæрæй кусой. Ам ахуыргæнджытæ кæй нæ фаг кодтой, уый тыххæй зындзинæдтæ æййафтой. Фæлæ ныр дыууæ азы бæрц уавæр у раппæлыны аккаг.

Фидараты Маринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania