филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:45 суббота, 21 сентября 2024
03 октября 2014, 11:08
Алагиры нуазыны доны уавæр

Алагиры ныртæккæ кърантæй дон нуазын нæ уадзынц. Уымæн æмæ æнæниздзинадæн у тæссаг. Куыд зонут, афтæмæй дзы æрæджы адæм хъыгдард баййæфтой. Æмæ тъæнгты низимæ рынчындæттæм бахаудысты 100 адæймагæй фылдæр.

73385
Алагиры ныртæккæ кърантæй дон нуазын нæ уадзынц. Уымæн æмæ æнæниздзинадæн у тæссаг. Куыд зонут, афтæмæй дзы æрæджы адæм хъыгдард баййæфтой. Æмæ тъæнгты низимæ рынчындæттæм бахаудысты 100 адæймагæй фылдæр. Ныр уавæр фæхуыздæр, фæлæ бынæттон адæм бынтон æдас не сты. Уыимæ дзы арæзт цæуынц профилактикон мадзæлттæ. Кæнынц прививкæтæ, æмæ нуазынц хостæ.

Алагиры æрыгон фæлтæр ныртæккæ нуазы æрмæстдæр адджын дæттæ.

Хуымæтæг доны кърантæй Алагиры скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты ныртæккæ пайда кæнын нæ уадзынц. Ардыгæй дон нуазын æнæниздзинадæн у тæссаг.

Куыд зонут, афтæмæй æрæджы Алагиры адæм хъыгдард баййæфтой нуазыны донæй. Æмæ тъæнгты низимæ рынчындæттæм бахаудысты 100 адæймагæй фылдæр. Ныр уавæр фæхуыздæр, фæлæ бынæттон адæм бынтон æдас не сты. Ахуыргæнæндæтты, поликлиникæты æмæ рынчындæтты сывæллæттæн æмæ хистæртæн кæнынц профилактикон прививкæтæ æмæ дæттынц хостæ. Алагиры æртыккæгæм скъолайы медицинон хо куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæттæн лæгъзтæ кæнын нæ хъæуы прививкæтæ скæныны тыххæй. Сæхæдæг æй хорз æмбарынц, куыд ахсджиаг хъуыддаг у, уый, æмæ æрбацæуынц æнæзивæгæй. Æппæт профилактикон мадзæлттæ дæр кæнынц, стæй се нæниздзинад бахъахъхъæнынæн амындзинæдтæ дæр сæ зæрдыл бадарынц.

Зонын хъæуы уый, æмæ ныридæгæн низ цы расайдта, уый нæма сбæрæг. Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды специалисттæ сбæрæг кодтой ротавирусон инфекци, тæнгты низ æмæ гепатит»А». Фæстаг анализтæм гæсгæ доны хæрзхъæддзинад фæхуыздæр, фæлæ нуазынмæ нæма бæззы.

Алагиры доны хæдзарады специалисттæм æххуысмæ æрбацыд Мæздæджы доны хæдзарады сæйраг инженер. Кæндзæн сын консультацитæ.

Ныртæккæ Алагиры доны хæдзарады сæвæрдтой сæрмагонд кусæнгæрзтæ, донмæ хлор æфтауыны, æмæ йæ сыгъдæг кæныны тыххæй. Уыйфæстæ ног аппарат скусын кæндзысты. Æрмæстдæр уæд фидарæй зæгъæн уыдзæн, алагирæгтæн къранты дон нуазынмæ кæй бæззы, уый.

Фидараты Маринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania