филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:55 суббота, 21 сентября 2024
03 октября 2014, 11:13
Хæххон Паддзахадон аграрон университеты арæзт æрцыд Темыраты Дауыты мысæн изæр

Æрбацыдысты йæм культурæйы æмæ наукæйы сгуыхт архайджытæ, йæ хæстæджытæ, æмкусджытæ, йе сфæлдыстадæн ын стыр аргъ чи кодта, уыдон. Иууылдæр æрымысыдысты Дауыты куыстытæ.

74597
Хæххон Паддзахадон аграрон университеты арæзт æрцыд Темыраты Дауыты мысæн изæр. Æрбацыдысты йæм культурæйы æмæ наукæйы сгуыхт архайджытæ, йæ хæстæджытæ, æмкусджытæ, йе сфæлдыстадæн ын стыр аргъ чи кодта, уыдон. Иууылдæр æрымысыдысты Дауыты куыстытæ. Дыгурон театры артисттæ равдыстой йæ спектакльтæй скъуыддзæгтæ: «Аланты нана», «Ардбахæрд», æмæ æндæртæй. Аив бакастысты, зындгонд æхсæнадон архайæгыл фыст æмдзæвгæтæ. Темыраты Дауыты хорз чи зыдта, уыдон дзырдтой сæ мысинæгтæ. Куыд бирæтæн баххуыс кодта аивады. Цы æвæрæн бахаста журналтæ «Мах дуг» æмæ «Дайран»-мæ. Мысæн изæр арæзт æрцыд нæ республикæйы культурæйы министрады æмæ фысджыты цæдисы хъæппæрисæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania