филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:41 вторник, 16 декабря 2025
09 октября 2014, 17:43
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы бынатмæ конкурс офицалон æгъдауæй райдыдта

Уый тыххæй фехъусын кодтой Горæты Думæйы æвæстиаты æмбырды. Конкурсæн хатдзæгтæ скæндзысты 5-æм ноябры. 15 боны дæргъы кандидаттæн сæ бон дæттын у курдиæттæ, уый фæстæ семæ кæндзысты ныхас.

73693
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы бынатмæ конкурс офицалон æгъдауæй райдыдта. Уый тыххæй фехъусын кодтой Горæты Думæйы æвæстиаты æмбырды. Конкурсæн хатдзæгтæ скæндзысты 5-æм ноябры. 15 боны дæргъы кандидаттæн сæ бон дæттын у курдиæттæ, уый фæстæ семæ кæндзысты ныхас. Конкурсон къамисы уæнгтæ сты 10 адæймаджы. Сæ фылдæр ныридæгæн сты бæрæг – Хæдарцаты Махарбег, Тедеты Малик, Бататы Феликс, Гæджынаты Муради æмæ Черчесты Зæринæ. Кандидатты фæтк бæрæг кодтой паддзахадон æмæ бынæттон хицаудзинады оргæнтæ, стæй алыхуызон куыстуæтты фæллойгæнджытæ. Конкурс куыд цæудзæн, уымæ хаст æрцыди дыууæ зынгæ ивддзинады. Ныр къамис арæзт уыдзæн 50% минæвæртты æмбырдæй, 50% та нысан кæндзæн республикæйы сæргълæууæг. Къамисы сæрдары дзы æвзарын нæ хъæудзæн, уый уыдзæн Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania