«Фашизмы ныхмæ цæуæг кæронбæттæн нысан Украинæйы хæцæг ирон бархионтæн уыдзæн Одессæйы профцæдисты хæдзар», загъта политолог Мамиаты Алан.
Абон ын уыд пресс-конференци. Цалдæр мæйы уыд Украинæйы Хуссар-Скæсæйнаг хайы. Куыд зæгъы афтæмæй, нæй ныххатыр кæнын, майы Одессæйы профцæдисты хæдзары цы фыдракæнд уыд, æнæаххос адæмы националисттæ куы басыгътой, уæд. Æмæ бафтыдта, ныртæккæ бархионты фарс хæцынц сæдæгай ирон лæппутæ.
Пресс-конференцийы рæстæг журналистты фæндыд базонын куыд ифтонг цæуынц хæцæнгарзæй, стæй ныхмæлæуддзинад цас ныддæргъвæтин, уый. Мамиаты Алан фехъусын кодта, Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæтæ знагæн сæттын кæй нæ бакомдзысты. Ныртæккæ арæзт цæуы командыгæнæг къорд. Хæцæнгарзы тыххæй та загъта, хæцынц, Украинæйы армийæ цы байсынц, уымæй.




