10 октября 2014, 11:21
Хъырымы æмæ Севастополы контрактмæ гæсгæ чи ис, уыдон æфсæддон цæттæдзинад исынц Цæгат Ирыстоны
Доны былгæрæттæ хъахъхъæнджытæ нæ республикæмæ ссыдысты июлы. Уыдон раздæр службæ кодтой Украинæйы æфсæдты. Сæрмагонд ахуыртæ цæуынц «Дарьял»-ы пæлигоны.
Хъырымы æмæ Севастополы контрактмæ гæсгæ чи ис, уыдон æфсæддон цæттæдзинад исынц Цæгат Ирыстоны. Доны былгæрæттæ хъахъхъæнджытæ нæ республикæмæ ссыдысты июлы. Уыдон раздæр службæ кодтой Украинæйы æфсæдты. Сæрмагонд ахуыртæ цæуынц «Дарьял»-ы пæлигоны. Æфсæддонтæ хъуамæ райсой хорз цæттæдзинад. Цæгат Ирыстоны фæуыдзысты ноябры онг, нырма сæ хъæуы ахуырты цалдæр къæпхæны ацæуын.
Хъырым æмæ Севастополы былгæрæттæ хъахъхъæнджыты æфсæддон ахуыртæ ныртæккæ цæуынц Цæгат Ирыстоны полигон «Дарьялы», у денджызы æмвæзадæй 1400 метры уæлдæр. Ахуыр сæ кæнынц хæххон уавæрты хæцын æмæ сгарыны сусæгдзинæдтыл. Константин Сургучев уыд Украинæйы хъахъхъæнджытæй иу. Фæлæ Хъырым Уæрæсеимæ куы баиу, уæд бафыста контракт æмæ сси уæрæсейаг æфсæддон.
Константин Сургучев, контрактмæ гæсгæ службæгæнæг: «Уæрæсейаг æфсады фылдæр райдыдтон хæцæнгарзæй æхсын, фылдæр фæлтæрддзинад исын ам. Украинæйы дæр цыдыстæм, хæцæнгарзæй æхстам, фæлæ къаддæр».
Хъырымы æмæ Севастополы денджызон хъахъхъæнджытæ нæ республикæмæ ссыдысты июны. Æфсæддонтæ хъуамæ сæхи дзæбæх бацæттæ кæной: фыццаджыдæр сахуыр кæнын хъæуы хæхты сæрмæ хизын, цæлхдурты сæрты гæпп кæнын æмæ æндæр хъуыддæгтæ. Денджызон былгæрæттæ хъахъхъæнджытæн уыдон тынг ахсджиаг зонындзинæдтæ сты. Уымæн æмæ сау денджызы былгæрæттæ æмæ Кавказы хæхты рельеф æмхуызон сты.
Инструктортæ куыд зæгъынц, афтæмæй сау денджызы былгæрæттæ хъахъхъæнджыты зонындзинæдтæ æвзæр нæ уыдысты, фæлæ хæххон уавæрты архайын нæ зыдтой æмæ сæ ныр алцæуыл дæр ахуыр кæнынц.
Магомед Магомедов, инструктор: «Дæлхайадæн йæ 5% уыдысты цæттæ, ома гыццыл цыдæртæ зыдтой. Иннæтæ фыццаг къахдзæфтæ кæныц æмæ архайæм, истæуыл сæ сахуыр кæнынмæ, цæмæй хæххон уавæрты сæ бон архайын уа».
Хъырымы æфсæддонтæ Цæгат Ирыстоны фæуыдзысты ноябрьмæ. Уыцы мгъуыдмæ ма сын уыдзæн ахуырты цалдæр къæпхæны. Уый фæстæ та сæ радтын хъæудзæн сæ сæрмагонд фæлварæн схизын Хъæриу хохмæ, уый фæстæ ацæудзысты се фсæддон бынæттæм.
Моргуаты Ладæ
темæмæ гæсгæ




