14 октября 2014, 11:29
Сæдæ сабийæ фылдæр бацыдысты ацы аз ахуыр кæнынмæ, Михаил Глинкæйы номыл Мæздæджы музыкалон скъоламæ
Кадджын уавæры сæ банымадтой фыццагкъласонтыл. Сæ бæрæгбоны архайдтой ныййарджытæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ. Ацы скъолайы фыццæгæмæй æстæм къласы онг сывæллæтты ахуыр кæнынц нотæты грамотæйыл æмæ музыкалон инструменнттыл цæгъдыныл. Бæрæгбоны концерты амонджытæ бæстон радзырдтой сæ фæзынды тыххæй.
Сæдæ сабийæ фылдæр бацыдысты ацы аз ахуыр кæнынмæ, Михаил Глинкæйы номыл Мæздæджы музыкалон скъоламæ. Кадджын уавæры сæ банымадтой фыццагкъласонтыл. Сæ бæрæгбоны архайдтой ныййарджытæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ. Ацы скъолайы фыццæгæмæй æстæм къласы онг сывæллæтты ахуыр кæнынц нотæты грамотæйыл æмæ музыкалон инструменнттыл цæгъдыныл. Бæрæгбоны концерты амонджытæ бæстон радзырдтой сæ фæзынды тыххæй. Зæгъæм, фортепьяно, ирон фæндыр, гитарæ, аккордеон, флейтæ æмæ, оркестры паддзах кæй хонынц, уыцы скрипкæ. Се ппæтыл дæр ацагътой ацы бон. Мæздæджы музыкалон скъолайы кусынц 6 инструменталон хайады. Уымæй дарддæр дзы ис театралон студи æмæ хоры зарыны фадат дæр. Хистæр кары ахуыргæнинæгтæ равдыстой сæ зоныныдзинæдтæ фыццагкъласонтæн. Бирæтæ сæ ныридæгæн систы алыхуызон регионалон æмæ федералон музыкалон конкурсты лауреаттæ. Уæдæ сæм ис æппæтадæмон сфæлдыстадон ерысты гран-при рамбулджытæ дæр. Се нтыстдзинæдтæй ахуыргæнджытæ сты сæрыстыр. 60 азмæ ацы скъола каст фесты мингай лæппутæ æмæ чызджытæ. Бирæтæ дзы ныртæккæ сты Уæрæсейы æмæ фæсарæйнаг оркестрты музыканттæ.
темæмæ гæсгæ




