филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:19 воскресенье, 06 октября 2024
21 ноября 2014, 12:25
Уæрæсейаг уæлæдарæсы куыстуæттæ сты куыстхъом, æмæ сæ бон æнцонæй раивын у фæсарæйнаг дзаумæттæ

Уæлæдарæсы равдыст «Феличита» байгом ногдзауты Галуаны. Зæрдæмæдзæугæ палтотæ дзы ссардзысты алы фæлтæрты минæвæрттæ дæр. Сты хъæрзхъæд хъуымацæй хуыд. Уыимæ, æрмæст сылгоймæгтæн нæ, фæлæ нæлгоймæгтæн дæр. Санкт-Петербурджы, Мæскуыйы, æмæ Пензæйы стырдæр фабрикæтæ архайынц оригиналон орнаментæй æмæ бирæ хуызтæй пайда кæныныл.

75231
Ног кæнынц рог промышленность. Уæрæсейаг уæлæдарæсы куыстуæттæ сты куыстхъом, æмæ сæ бон æнцонæй раивын у фæсарæйнаг дзаумæттæ. Уæлæдарæсы равдыст «Феличита» байгом ногдзауты Галуаны. Зæрдæмæдзæугæ палтотæ дзы ссардзысты алы фæлтæрты минæвæрттæ дæр. Сты хъæрзхъæд хъуымацæй хуыд. Уыимæ, æрмæст сылгоймæгтæн нæ, фæлæ нæлгоймæгтæн дæр. Санкт-Петербурджы, Мæскуыйы, æмæ Пензæйы стырдæр фабрикæтæ архайынц оригиналон орнаментæй æмæ бирæ хуызтæй пайда кæныныл. Адæмы размæ хæссынц сæрак æмæ цæрæгойты цæрмттæй хуыд дзаумæттæ. Алы адæймаг дæр равдысты йæхицæн ссардзæн аив дзаума. Равзарæн дзы ис, хъуырбæттæнтæ, стæй итайлаг æмæ чехаг аивгæнæнтæ дæр. Ис дзы куыд зынаргъ, афтæ аслам продукци дæр. Иуæй-иу палтотæн та ма се ‘ргътæй дæр аппарынц.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania