филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:24 воскресенье, 06 октября 2024
21 ноября 2014, 15:00
Аэропорт «Дзæуджыхъæу» цалцæджы фæстæ ног къуырийы хъуамæ райдайа кусын

Раздæры рухсгæнæнтæ дзуапп нал лæвæрдтой ныры домæнтæн. Сæ бæсты арæзт æрцыдысты ногтæ. Кусын куы райдайой, уæд хæдтæхджытæн фадат уыдзæн куыд бонæй, афтæ æхсæвы тæхынæн дæр. Æппæт нысантæ дæр кæронмæ æххæстгонд æрцæудзæсты азы кæронмæ. Ацы цаумæ æнхъæлмæ кæсынц мингай адæм, стæй авиакомпанитæ. Дыууæ мæймæ фесæфтой бирæ æхца

75234
Аэропорт «Дзæуджыхъæу» цалцæджы фæстæ ног къуырийы хъуамæ райдайа кусын. Техникон цæстдарды къамисы уæнгтæ дзы сбæрæг кодтой хъæндзинæдтæ æмæ сын арæзтадон компани «Стройновация» зæрдæ бавæрдта, цалдæр бонмæ сæ кæй аиуварс кæндзæн, уымæй.

Уый фидаргонд æрцæуы сæрмагонд техникæйы руаджы æмæ дзы рауайы фидар бындур асфальт бетонимæ ‘мхæццæйæ сæвæрынæн. Йæ бæрзæнд у 31 сантиметр. Сæйрагдæр у хæрзхъæд фæз бацæттæ кæнын, цæмæй аэропорт æдасæй куса. Цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц ныр дыууæ мæйæ фылдæр. Аэропорт байгом кæныны рæстæг ивд æрцыд ныр дыууæ хатты. Ахæм егъау куыстытæ дзы нырмæ никуы уыд.

Стæхæн-æрбадæн фæзы дæргъ у 3000 метры. Йæ раздæры уæлцъар ын нæ систой, афтæмæй йыл æрæмбæрзтой ног – у асфальт бетонимæ æмхæццæйæ. Зæронд фæзæй у фидардæр. Гарантимæ гæсгæ хъуамæ фæлæууа 8 азы, зæгъынц аразджытæ.

Рацарæзтыл архайы куыстуат «Стройновация». Æппæт куыстыты хъæрзхъæддзинад бæрæг кодтой техникон цæстдарды специалисттæ. Рабæрæг кодтой хъæндзинæдтæ. Уыдон аиуварс кæныныл куыстуат «Стройновация» бацархайдзæн тагъд рæстæджы.

Николай Собкин, æнæххæстбарджын æхсæнад «Стройновация»-ы кусæг: «Техникон цæстдарды кусджытæ нын цы хъæндзинæдтæ фæнысан кодтой, уыдон сты стæхæн-æрбадæн фæзимæ баст, стæй йæ кæрæттæ куыд арæзт сты, уый тыххæй. Хъæуы ма фæзы нысантæ кæроннмæ баххæст кæнын. Дыууæ бонмæ нæ куыстуаты специалисттæ бацархайдзысты уыдон аиварс кæныныл».

Ныртæккæ уал кæронмæ æрхæццæ куыстыты фыццаг къæпхæн. Аэропорт нырма æххæстæй нæ кусдзæн. Хæдтæхджытæн тæхыны фадат уыдзæн æрмæст боныгон æмæ хорз боныхъæд куы уа, уæд.

Гæззаты Лев, æнæххæстбарджын æхсæнад «Æппæтадæмон аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы генералон директор: «Ис проблемæтæ, æркæсын сæм хъæуы. Генераон подрядчик чи у, уый сæ зоны уымæ сæ радтой, æмæ куыд загътой, афтæмæй къуырисæ, дыццæгмæ сæ сæххæст кæндзæн æмæ та ногæй бадзуродзысты техникон цæстдарды кусджытæм, æмæ хъуамæ бафыссой гæххæт, заключение о соответсвии, æмæ уæд нымад æрцæудзæн аэропорт у цæттæ куснымæ».

Раздæры рухсгæнæнтæ дзуапп нал лæвæрдтой ныры домæнтæн. Сæ бæсты арæзт æрцыдысты ногтæ. Кусын куы райдайой, уæд хæдтæхджытæн фадат уыдзæн куыд бонæй, афтæ æхсæвы тæхынæн дæр. Æппæт нысантæ дæр кæронмæ æххæстгонд æрцæудзæсты азы кæронмæ. Ацы цаумæ æнхъæлмæ кæсынц мингай адæм, стæй авиакомпанитæ. Дыууæ мæймæ фесæфтой бирæ æхца. Куыстытæ афойнадыл конд не рцыдысты, фæлæ аэропорты зæрдæ бавæрдтой, сæ хъæрзхъæддзинад зæрдæхсаинаг кæй нæ уыдзæн, уымæй. Рацарæзты фæстæ аэропорт архайын куы райдайа, уæд йæ бон лæггад кæнын уыдзæн, раздæримæ абаргæйæ, фылдæр адæмæн, стæй æвзæр боныхъæды уавæрты дæр.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania