филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:15 воскресенье, 06 октября 2024
21 ноября 2014, 15:11
Абон у телеуынынады æппæтдунеон бон

1998-æм азы йæ снысан кодта иугонд нациты организацийы генералон Ассамблейæ. Ацы бæрæгбон нырма æрыгон у æмæ йæ парахатæй нæма бæрæг кæнынц. Афтæмæй та йæ истори райдыдта 102 азы размæ.

74152
Абон у телеуынынады æппæтдунеон бон. 1998-æм азы йæ снысан кодта иугонд нациты организацийы генералон Ассамблейæ. Ацы бæрæгбон нырма æрыгон у æмæ йæ парахатæй нæма бæрæг кæнынц. Афтæмæй та йæ истори райдыдта 102 азы размæ. Уæд райдыдтой фыццаг эксперименттæ телеуынынад æмæ радиойы уылæнтæхæссæг электрон фæрæзтимæ. Фыццаг фæлварæнтæ цыдысты Японийы, Амерычы, Советон Цæдисы. 1936 азы та фыццаг телепрограммæтæ федтой Великобританийы æмæ Германийы цæрджытæ. Æнæ телеуынынадæй абоны цард фидаугæ дæр нæ кæны. Йæ ахадындзинад абарæн ницæимæ ис. Цыфæнды хабар, цыфæнды ногдзинад дæр, æппæты фыццаг базонæн ис телеуынынадæй. Цæгат Ирыстоны телеуынынад нырма æрыгон у. Фæлæ дзы кусынц фæлтæрдджын æмæ хъæппæрисджын адæм. Иууылдæр стыр æнгом бинонтау, рæсугъдæй æххæст кæнынц сæ хæс – республикæйы цæрджыты зонгæ кæнынц раст информациимæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania