филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:18 воскресенье, 06 октября 2024
24 ноября 2014, 12:01
Цæгат Ирыстонæй ацы аз гæрзифтонг тыхты рæнхъыты хъуамæ æрлæууа 1мин 500 сиддоны, уый фаронимæ абаргæйæ у 2 хатты фылдæр

Республикæйы æфсæддон комиссарады куыд зæгъынц, афтæмæй фæстаг азты рæзы, райгуырæн бæстæйы цур йæ хæс раттыны фæнд кæмæ ис, уыцы фæсивæды нымæц.

Фæсивæдæй бирæтæн æфсады баслужбæ кæнын у æрмæст Фыдыбæстæйы раз сæ хæс сæххæст кæнын, нæ, фæлæ хорз куысты ныллæуын, стæй сæ равзæрст дæсныйады уæлдæр къæпхæнтæм схизынмæ фæндаг.

75239
1-æм октябрæй фæстæмæ цæуы æфсадмæ сидыны фæззыгон кампани. Цæгат Ирыстонæй ацы аз гæрзифтонг тыхты рæнхъыты хъуамæ æрлæууа 1мин 500 сиддоны, уый фаронимæ абаргæйæ у 2 хатты фылдæр. Республикæйы æфсæддон комиссарады куыд зæгъынц, афтæмæй фæстаг азты рæзы, райгуырæн бæстæйы цур йæ хæс раттыны фæнд кæмæ ис, уыцы фæсивæды нымæц.

Фæсивæдæй бирæтæн æфсады баслужбæ кæнын у æрмæст Фыдыбæстæйы раз сæ хæс сæххæст кæнын, нæ, фæлæ хорз куысты ныллæуын, стæй сæ равзæрст дæсныйады уæлдæр къæпхæнтæм схизынмæ фæндаг. Игорь Мамиашвили у ацы азы сиддон. Бирæ нæ хъуыдытæ кодта, афтæмæй йæ йæхи фæндонмæ гæсгæ бафæндыд æфсадмæ ацæуын.

Ацы фæззæг Уæрæсейы æфсæддон тыхты рæнхъыты Цæгат Ирыстонæй хъуамæ æрлæууа 1500 лæппуйы. Фаронимæ абаргæйæ уый у, дыууæ хаты фылдæр. Сæйраг æфсæддон комиссариаты куыд зæгъынц, афæтæмæй фæсивæд фæстаг рæстæг се ргом тынгдæр здахын райдыдтой службæмæ.

Службæ кæндзысты раздæрау 12 мæйы. Ныртæккæ кæронмæ фæхæццæ кæны, фидæны æфсæддонты медицинон æркаст. Се нæниздзинадмæ сын кæсынц лæмбынæгæй. Æфсæддон дохтырты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, лæппутæй бирæты æнæниздзинады вæййы хъæндзинæдты.

Сиддонтæн скодтой сæрмагонд акци «Бадзур дæ мадмæ». Байуæрстой сын дыгай сим картæтæ. Ныстуантæ сын скодта салдæтты мадæлты комитеты сæрдар Гогаты Лолæ дæр.

Æфсæддонты фæндараст кæндзысты 30-æм декабры онг. Цæгат Ирыстоны фæсивæд службæ кæндзысты нæ бæстæйы алы регионты.
 
Кæй фæнда, уыдонæн сæ бон сæ службæ уыдзæн дарддæр ахæццæ кæнын. Фæлæ уæд контрактникты хуызы.

Касаты Наирæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania