24 ноября 2014, 12:20
Республикæйы сывæллæтты сфæлдыстады галуаны уыд студентон къордты æмбырд
Ацы змæлд сæвзæрд 5 азы размæ, фæлæ уæдæй нырмæ 13 мин студенты уыдысты Уæрæсейы бирæ горæтты: арæзтой спортивон объекттæ, цæрæнуæттæ, æххуыс кодтой хъæууон хæдзарадæн. Кадджын æмбырды республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы номæй хуыздæр студентæн кады гæххæттытæ радта хицауды сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем.
Республикæйы сывæллæтты сфæлдыстады галуаны уыд студентон къордты æмбырд. Ацы змæлд сæвзæрд 5 азы размæ, фæлæ уæдæй нырмæ 13 мин студенты уыдысты Уæрæсейы бирæ горæтты: арæзтой спортивон объекттæ, цæрæнуæттæ, æххуыс кодтой хъæууон хæдзарадæн. Кадджын æмбырды республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы номæй хуыздæр студентæн кады гæххæттытæ радта хицауды сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем. Ацы къуыри та 13 студенты парламенты депутат Таболты Тамарæимæ ацæудзысты Мæскуымæ. Кремлы хорзæхгонд æрцæудзысты зæрдылдарæн нысантæй. Ацы æмбырд студентон къордты змæлдæн уыд сæ фыццаг юбилейон æмбырд æмæ сфидыдта нæ республикæйы эстрадон артистты сфæлдыстадæй.
темæмæ гæсгæ