филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:24 воскресенье, 06 октября 2024
24 ноября 2014, 18:02
Цæгат Ирыстоны цæрджытæ тыхсынц, хойраджы аргъ кæй схызт, уымæй

Кърупатæ, æхсыры продукттæ, дзидзайы æргътæ афæдзы æмбисмæ фæфылдæр сты дыууæ хатты. Кæд æмæ офицалон хъусынгæнинагмæ гæсгæ, хойраджы продуктты аргъыл хъуамæ бирæ ма бафта. Монополиты ныхмæ службæйы куыд зæгъынц, афтæмæй сæ цæст дарынц æрмæстдæр егъау куыстуæттæм, чысыл базаргæнæнтæ та сæ бæрны не сты æмæ уыдон стардтой æргътæ.

75249
Цæгат Ирыстоны цæрджытæ тыхсынц, хойраджы аргъ кæй схызт, уымæй. Кърупатæ, æхсыры продукттæ, дзидзайы æргътæ афæдзы æмбисмæ фæфылдæр сты дыууæ хатты. Кæд æмæ офицалон хъусынгæнинагмæ гæсгæ, хойраджы продуктты аргъыл хъуамæ бирæ ма бафта. Монополиты ныхмæ службæйы куыд зæгъынц, афтæмæй сæ цæст дарынц æрмæстдæр егъау куыстуæттæм, чысыл базаргæнæнтæ та сæ бæрны не сты æмæ уыдон стардтой æргътæ. Хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министрады куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй фæбæрæг сты, августы Уæрæсейы ныхмæ цы санкцитæ фидаргонд æрцыдысты, уыдон. Æмæ бынæттон хи продукцийы рауагъд чысыл кæй у, уый бæрæг дары æргътыл. Республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы уагæвæрдмæ гæсгæ ацы фарстайы фæдыл арæзт æрцыд республикон штаб, уый ныр йæ цæст дардзæн фарстамæ.

Уæрæсейы хицауады бардзырдмæ гæсгæ 30 суткæмæ хойраджы продуктты аргъ 30% фылдæр куы уа, уæд фыстæг арвитдзысты Мæскуымæ, уым рахæсдзысты сæрмагонд уынаффæ.

Къусраты Алан, РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министры 1-аг хæдивæг: «Хуыйы фыд, стæй стуры фыд ласт цæуынц иннæ республикæтæй, æмæ уым æргътæ систой хæрдмæ æмæ махмæ дæр дзидза уый тыххæй фæзынаргъдæр ис. Халсартæ; картоф, къабуска – фæасламдæр сты. Æмæ махмæ афтæ кæсы æмæ ног азмæ æргътæ нæ фæфылдæр уыдзысты».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania